3 Сараз фӕныкхӕссӕн тастӕ, фыййӕгтӕ, тугӕмбырдгӕнӕн кӕхцытӕ, фыдистӕ ӕмӕ цӕхӕрисӕн кӕфойтӕ. Иууылдӕр сӕ скӕн ӕрхуыйӕ.
Ноджы ма Хурам скодта тастӕ, чысыл фыййӕгтӕ ӕмӕ куыситӕ. Афтӕмӕй, Хурам паддзах Соломоны фӕдзӕхстӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны куыстытӕ иууылдӕр фӕци.
ноджы ма тастӕ, чысыл фыййӕгтӕ, куыситӕ. Хурам паддзах Соломонӕн Дунедарӕджы Кувӕндоны тыххӕй цыдӕриддӕр скодта, уыдон иууылдӕр уыдысты лӕгъзгонд, ӕрттиваг ӕрхуыйӕ конд.
Семӕ ма ноджыдӕр райстой уазлӕггады алы мигӕнӕнтӕ: тастӕ, фыййӕгтӕ, кӕрдтӕ, куыситӕ,
будсудзӕнтӕ, къустӕ. Сыгъзӕрин ӕмӕ дзы ӕвзист мигӕнӕнӕй цыдӕриддӕр уыд, уыдон иууылдӕр рахаста хъахъхъӕнджыты хицау Невузарадан.
фыдистӕ, кӕхцытӕ ӕмӕ къустӕн сӕ сыгъдӕг сыгъзӕрины уӕз, сыгъзӕрин тӕбӕгътӕн сӕ алкӕцыйы сыгъзӕрины уӕз, ӕвзист тӕбӕгътӕн сӕ алкӕцыйы ӕвзисты уӕз;
Ноджы ма Хурам скодта къӕртатӕ, фыййӕгтӕ, тугпырхгӕнӕн кӕхцытӕ. Ӕмӕ уыйадыл Хурам фӕци, Соломонӕн Хуыцауы Кувӕндоны цы куыстытӕ кодта, уыдон. Уый сарӕзта:
къӕртатӕ, фыййӕгтӕ, фыдистӕ. Хурам-Авиа паддзах Соломонӕн Дунедарӕджы Кувӕндоны тыххӕй цыдӕриддӕр скодта, уыдон иууылдӕр уыдысты лӕгъзгонд ӕмӕ ӕрттиваг ӕрхуыйӕ конд.
Моисей тугӕн йӕ иу ӕмбис ныккодта къусты, йӕ иннӕ ӕмбис та йын бапырх кодта нывондхӕссӕныл.
Цатыры ӕппӕт дзаумӕттӕ, цатыры ӕмӕ кӕртӕмбӕрзӕны михтӕ иууылдӕр хъуамӕ уой ӕрхуыйӕ.
Йӕ цыппар тигъыл ын скӕн фӕйнӕ сыкъайы, нывондхӕссӕнимӕ иу куыд уой, афтӕ, ӕмӕ йӕ иууылдӕр састӕр ӕрхуыйӕ.
Нывондхӕссӕнӕн ӕрхуыйӕ сараз хызӕг ӕмӕ йын йӕ цыппар къуымы бафидар кӕн фӕйнӕ ӕрхуы цӕджы.
Скодта нывондхӕссӕны ӕппӕт дзауматӕ: дурынтӕ, фыййӕгтӕ, кӕхцытӕ, фыдистӕ ӕмӕ цӕхӕрисӕн кӕфойтӕ. Иууылдӕр сӕ скодта ӕрхуыйӕ.
уӕд-иу, Дунедарӕджы раз цы нывондхӕссӕн ис, уый цӕхӕрӕй райсӕд будсудзӕны дзаг, йӕ дыууӕ армыдзаджы та — фӕхты хост буд ӕмӕ-иу сӕ мидӕмбӕрзӕны уылты бахӕссӕд.
уый уӕлӕ та ӕрӕвӕрӕнт йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ: зынгхӕссӕн кӕфойтӕ, фыдисӕнтӕ, белтӕ, тугтадзӕн хъалацтӕ. Сӕрак ӕмбӕрзӕнӕй ӕрӕхгӕнӕнт ӕппӕт уыдон ӕмӕ хъилтӕ атъыссӕнт.