Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 27:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Йӕ цыппар тигъыл ын скӕн фӕйнӕ сыкъайы, нывондхӕссӕнимӕ иу куыд уой, афтӕ, ӕмӕ йӕ иууылдӕр састӕр ӕрхуыйӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 27:2
19 Iomraidhean Croise  

Адониа йӕхӕдӕг дӕр фӕтарсти Соломонӕй ӕмӕ ацыд ӕмӕ нывондхӕссӕны сыкъатыл йӕ къухтӕй ныххӕцыд.


Уыцы хабар Йоавы хъустыл ӕруад. Амӕй размӕ уый Авессаломы фарсхӕцӕг нӕ уыд, фӕлӕ фӕстӕдӕр Адониайы фарс рахӕцыд. Уымӕ гӕсгӕ ныр Дунедарӕджы цатырмӕ алыгъд ӕмӕ уым нывондхӕссӕны сыкъатыл йӕ къухтӕй ныддӕвдӕг.


Дунедарӕджы Кувӕндоны раз цы ӕрхуы нывондхӕссӕн уыди, уый утӕппӕт нывӕндтӕ ӕрхӕссынӕн ӕгӕр гыццыл кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Соломон тӕккӕ уыцы бон срухс кодта, Кувӕндоны раз цы кӕрт уыд, уымӕн йӕ астӕуккаг хай, ӕмӕ уым ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ, стӕй хойраджы хуынтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндты фиу.


Дунедарӕджы Кувӕндоны раз уымӕй размӕ цы ӕрхуы нывондхӕссӕн уыд, уый ныр Кувӕндонӕй ног нывондхӕссӕны ’хсӕн фӕци, ӕмӕ йӕ Ахаз йӕ бынатӕй феггуырсын кодта ӕмӕ йӕ ног нывондхӕссӕнӕн йӕ цӕгатварс ӕрӕвӕрдта.


Соломон сарӕзта ӕрхуы нывондхӕссӕн: йӕ дӕргъ уыди ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх дӕр — ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — дӕс ӕлмӕрины.


Дӕ уынаффӕты фӕндаг мын бамбарын кӕн, ӕмӕ ӕз хъуыды кӕндзынӕн Дӕ диссӕгтыл.


Сараз фӕныкхӕссӕн тастӕ, фыййӕгтӕ, тугӕмбырдгӕнӕн кӕхцытӕ, фыдистӕ ӕмӕ цӕхӕрисӕн кӕфойтӕ. Иууылдӕр сӕ скӕн ӕрхуыйӕ.


стӕй йын йӕ тугӕй де ’нгуылдзыл сис ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ ацахор, иннӕ туг та иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акал.


Уымӕй конд ӕрцыдысты Фембӕлды Цатырмӕ бацӕуӕны цӕджындзты бынӕнцайӕнтӕ, ӕрхуы нывондхӕссӕн йӕ хызӕг ӕмӕ йе ’ппӕт дзауматимӕ,


Ӕппӕты уӕллаг къӕпхӕнӕн, нывондхӕссӕнӕн, йӕ бӕрзӕнд у цыппар ӕлмӕрины, йӕ тигътыл конд сыкъатӕн та сӕ бӕрзӕнд — фӕйнӕ ӕлмӕрины.


Уый фӕстӕ-иу, Дунедарӕджы раз цы нывондхӕссӕн ис, уымӕ рацӕуӕд ӕмӕ йын сӕххӕст кӕнӕд йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау. Гал ӕмӕ цӕуы тугӕй райсӕд ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ байсӕрдӕд,


Фембӕлды Цатыры мидӕг цы нывондхӕссӕн ис Дунедарӕджы раз, уымӕн дзы йӕ сыкъатӕ сахорӕд. Тугӕй ма цы баззайа, уый та Цатыры къӕсӕры раз, иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Сауджын йе ’нгуылдзыл тӕригъӕды нывонды тугӕй сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Фембӕлды Цатыры мидӕг Дунедарӕджы раз цы будсудзӕн нывондхӕссӕн ис, уымӕн дӕр йӕ сыкъатӕ галы тугӕй сахорӕд. Тугӕй ма цы баззайа, уый иууылдӕр, Цатыры къӕсӕры раз цы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн ис, уый рӕбын акалӕд.


Моисей йӕ аргӕвста, йӕ тугӕй йын йе ’нгуылдзыл систа ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста, цӕмӕй нывондхӕссӕн срухс кӕна. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалдта. Афтӕмӕй, тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кодта.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕ хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ дурӕхсӕны дуртыл фӕуӕлахиз уыдзысты, ныццӕгъддзысты сӕ; сӕ уынӕр хъуысдзӕнис, цыма сӕнӕй ныррасыг сты, уыйау; нывондхӕссӕн кӕхцытау, нывондхӕссӕны сыкъатау байдзаг уыдзысты сӕнӕй.


Уыдоны бӕрны сты: Чырын, фынг, цырагъдарӕн, нывондхӕссӕнтӕ, хуыцаулӕггады уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ ӕмбӕрзӕн. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.


Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд ӕмӕ сомы ӕнӕивгӕ кӕй сты, уыдонӕн мӕнг уӕвӕн кӕй нӕй, уый махӕн дӕтты стыр ныфс, ӕмӕ мах, Хуыцауы дӕлбазыр ӕмбӕхсӕн ссарджытӕ, фидар хӕцӕм, цы зӕрдӕдарӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan