12 Ныгуылӕнӕрдыгӕй ӕмбонд-ӕмбӕрзӕн — кӕрты уӕрхӕн, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, дӕс цӕджындзыл ауыгъд, фӕйнӕ бынӕнцайӕнимӕ.
ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист бынӕнцайӕны, алы фӕлгӕтӕн дӕр — дыууӕ, йӕ дыууӕ хъӕдӕн.
Цӕгатӕрдыгӕй дӕр йе ’мбонд-ӕмбӕрзӕн — фондзыссӕдз ӕлмӕрины дӕргъӕн, ссӕдз цӕджындзыл ауыгъд, алы цӕджындз дӕр — ӕрхуы бынӕнцайӕныл. Цӕджындзтыл, кӕрӕдзимӕ сӕ бафидар кӕнынӕн, уӕд ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ.
Кӕрты уӕрх скӕсӕнӕрдыгӕй уӕд дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины.
Цатыр ӕмӕ кӕрты ӕмбонд нывондхӕссӕны алыварс, кӕрты дуарӕмбӕрзӕн ӕмӕ бӕндӕнтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.