1 Акъацийӕ сараз нывондхӕссӕн: фондз ӕлмӕрины — дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ ӕлмӕрины.
Уыцы бон Гад бацыди Давидмӕ ӕмӕ йын загъта: «Цу ӕмӕ йевусаг Орнайы мусы Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн сараз».
Дунедарӕджы Кувӕндоны раз уымӕй размӕ цы ӕрхуы нывондхӕссӕн уыд, уый ныр Кувӕндонӕй ног нывондхӕссӕны ’хсӕн фӕци, ӕмӕ йӕ Ахаз йӕ бынатӕй феггуырсын кодта ӕмӕ йӕ ног нывондхӕссӕнӕн йӕ цӕгатварс ӕрӕвӕрдта.
Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ та хастой нывӕндтӕ иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕныл ӕмӕ будсудзӕн нывондхӕссӕныл. Кодтой уазлӕггады куыст, ӕххӕст кодтой Израилы адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдӕуттӕ — Хуыцауы цагъар Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Соломон сарӕзта ӕрхуы нывондхӕссӕн: йӕ дӕргъ уыди ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх дӕр — ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — дӕс ӕлмӕрины.
Ӕмӕ бавдӕлдысты Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йӕ сауджын ӕмбӕлттӕ, стӕй Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕ ӕмӕ Израилы Хуыцауӕн сарӕзтой нывондхӕссӕн, цӕмӕй йыл, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Моисейы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ иууылсудзинӕгтӕ судзой.
Моисей сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Йахве-Нисси.
Уӕд Моисей ныффыста Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Райсомӕй раджы хохрӕбын скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ сӕвӕрдта дыууадӕс дуры, Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы номыл.
иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ,
иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн ӕд ӕрхуы хызӕг-фӕлгӕт, йӕ хӕссӕн хъилтӕ ӕмӕ йе ’ппӕт дзауматимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ,
ӕрхуы нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ ӕрхуы хызӕг, йӕ хӕссӕн хъилтӕ ӕмӕ йе ’ппӕт дзауматӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ,
Байсӕрд иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ. Нывондхӕссӕн снывонд кӕн Дунедарӕгӕн, ӕмӕ суыдзӕн иууылуаз.
Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕрӕвӕрдта иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Йӕ къӕсӕры ракомкоммӕ йын ӕрӕвӕр иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн.
Уыдоны бӕрны сты: Чырын, фынг, цырагъдарӕн, нывондхӕссӕнтӕ, хуыцаулӕггады уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ ӕмбӕрзӕн. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.
Нывондхӕссӕн йӕ фӕныкӕй расыгъдӕг кӕнӕнт ӕмӕ йыл сӕнт сырх ӕмбӕрзӕн айтындзӕнт,
уый уӕлӕ та ӕрӕвӕрӕнт йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ: зынгхӕссӕн кӕфойтӕ, фыдисӕнтӕ, белтӕ, тугтадзӕн хъалацтӕ. Сӕрак ӕмбӕрзӕнӕй ӕрӕхгӕнӕнт ӕппӕт уыдон ӕмӕ хъилтӕ атъыссӕнт.
Махӕн ис, Уаз цатыры лӕггадгӕнджытӕн хӕрыны бар кӕцӕй нӕй, ахӕм нывондхӕссӕн.