6 Сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сыгъзӕрин къӕпсыры ӕмӕ уыдонӕй кӕрӕдзимӕ баиу кӕн дыууӕ ӕмбӕрзӕны, ӕмӕ сӕ рауайдзӕн Уаз Цӕрӕн.
Сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕрхуы къӕпсыры ӕмӕ сӕ сӕхтӕджытимӕ кӕрӕдзиуыл фӕхӕцын кӕн, цӕмӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕнӕй рауайа иу — царӕмбӕрзӕн.
Мидӕмбӕрзӕн ӕрцауындз къӕпсыртыл ӕмӕ йын Фидыды Чырын сӕвӕр йӕ фӕстӕ. Уыцы мидӕмбӕрзӕн уыдзӕни Рухсмонуат ӕмӕ Уаз бынаты ’хсӕн ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕндзӕни.
Тинтычъийӕ сцӕттӕ кӕн иуӕндӕс уӕфтӕджы — Цатыры цар ӕмбӕрзынӕн.
Цатыр ӕмӕ йӕ сӕр йе ’ддаг ӕмбӕрзӕнимӕ, йӕ къӕпсыртӕ, йӕ фӕлгӕттӕ, йӕ хъилтӕ, йӕ цӕджындзтӕ ӕмӕ йӕ бынӕнцайӕнтӕ,
Сарӕзтой дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сыгъзӕрин къӕпсыры ӕмӕ уыдонӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кодтой, ӕмӕ сӕ рауади Уаз Цӕрӕн.
Сарӕзтой дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕрхуы къӕпсыры — сӕхтӕджытӕ кӕрӕдзиуыл фӕхӕцынӕн, цӕмӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кӕной ӕмӕ сӕ иу царӕмбӕрзӕн рауайа.
Моисеймӕ ӕрбахастой Цатыр — йӕ уӕфтӕгтӕ ӕд ӕппӕт дзауматӕ: къӕпсыртӕ, фӕлгӕттӕ, хъилтӕ, цӕджындзтӕ, бынӕнцайӕнтӕ;
Уый у, йе уӕнгтӕ кӕрӕдзиуыл ӕнгом кӕмӕн хӕцынц, уыцы Буары иугӕнӕг: алы уӕнг дӕр кӕны йӕхи куыст, ӕмӕ афтӕмӕй Буар ӕгасӕй дӕр рӕз хӕссы ӕмӕ арӕзт цӕуы уарзондзинады фӕрцы.