34 Фидыды Чырынӕн Рухсмонуаты йӕ сӕр йӕ уӕлӕ сӕвӕр.
Фӕстаг къулӕй размӕ ссӕдз ӕлмӕрины ранымадта ӕмӕ уыцы ран кедры хъӕдӕй цӕхгӕрмӕ суагъта ног къул, цӕмӕй йын йӕ фӕстӕ сараза Рухсмонуат.
Фидыды Чырыны нывӕр, цы фӕдзӕхстытӕ дын ратдзынӕн, уыдон ӕмӕ йыл йӕ сӕр ӕрӕвӕр.
Уый фӕстӕ Моисей Фидыды Чырыны нывӕрдта Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ, хъилтӕ сӕ бынӕтты бакодта ӕмӕ Чырынӕн йӕ сӕр ӕрӕвӕрдта йӕ уӕлӕ.
Рӕбинаг агъуыстӕн сбарста йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх, ӕмӕ дыууӕрдӕм дӕр уыди фӕйнӕ ссӕдз ӕлмӕрины, Кувӕндонӕн йӕ уӕрхы хуызӕн. Загъта мын: «Уый у Рухсмонуат».
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Де ’фсымӕр Ааронӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй алы рӕстӕджы ма хиза мидӕмбӕрзӕны уылты — Рухсмонуатмӕ, Фидыды Чырыны сӕры размӕ, науӕд амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ-иу Ӕз Фидыды Чырыны сӕрмӕ фӕзындзынӕн ӕврагъы мидӕг.
Фидыды Чырыны сӕрмӕ та — херувимтӕ, Хуыцауы кад уым кӕй ис, уый ӕвдисынӕн; сӕ дӕлбазыр уыди тӕригъӕдтӕ ныббарыны бынат. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ныр бӕлвырд дзурын нӕ хъӕуы.