Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 26:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Алы фондз уӕфтӕджы дӕр иумӕ бахуый, дыууӕ егъау ӕмбӕрзӕны сӕ куыд рауайа, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 26:3
12 Iomraidhean Croise  

Алы уӕфтӕгӕн дӕр йӕ дӕргъ — аст ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — цыппар ӕлмӕрины. Иууылдӕр хъуамӕ ӕмиӕстӕ уой.


Ӕмбӕрзӕнты кӕройнаг уӕфтӕгтыл дӕргъӕй-дӕргъмӕ скӕн фӕйнӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕрвхуыз сӕхтӕджы, иу ӕмбӕрзӕны сӕхтӕджытӕ иннӕйы сӕхтӕджытимӕ ӕмных куыд уой, афтӕ.


Фондз уӕфтӕджы дзы кӕрӕдзимӕ бахуый, ӕхсӕз уӕфтӕджы — кӕрӕдзимӕ (ӕхсӕзӕм уӕфтӕг дыдагъӕй Цатырӕн йӕ бацӕуӕны сӕрмӕ ӕруадз).


Алы фондз уӕфтӕджы дӕр кӕрӕдзимӕ бахуыдтой, ӕмӕ сӕ рауади дыууӕ егъау ӕмбӕрзӕны.


Уадз ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уой иу. Ды, Мӕ Фыд, Мемӕ иу куыд дӕ, Ӕз та Демӕ иу куыд дӕн, афтӕ уыдон дӕр иу уӕнт Немӕ, ӕмӕ дуне баууӕнда, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, ууыл.


Курдиӕттӕ алыхуызон сты, дӕтгӕ та сӕ уыцы иу Уд кӕны.


Уый у, йе уӕнгтӕ кӕрӕдзиуыл ӕнгом кӕмӕн хӕцынц, уыцы Буары иугӕнӕг: алы уӕнг дӕр кӕны йӕхи куыст, ӕмӕ афтӕмӕй Буар ӕгасӕй дӕр рӕз хӕссы ӕмӕ арӕзт цӕуы уарзондзинады фӕрцы.


Уыдон Чырыстийыл, буары Сӕргълӕууӕгыл, фидар нӕ хӕцынц. Буарӕн ӕппӕт дӕр дӕтты Чырысти — буар кӕрӕдзиуыл ӕнгом хӕцы нуӕрттӕ ӕмӕ уӕнгбӕттӕнты фӕрцы ӕмӕ рӕзы Хуыцауӕн фӕндиагӕй.


Ӕз тырнын, цӕмӕй уат ныфсджын, уарзондзинад уӕ бӕтта кӕрӕдзиуыл, хъӕздыг уат, ӕцӕгадыл ӕнӕгуырысхойӕ кӕй ӕууӕндут ӕмӕ йӕ ӕххӕстӕй кӕй ӕмбарут, уымӕй. Ӕмӕ уӕд зондзыстут Хуыцауы сусӕгдзинад — Чырыстийы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan