Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 24:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Стӕй райста Фидыды уагӕвӕрдты чиныг ӕмӕ йӕ хъӕрӕй бакаст адӕмӕн. Адӕм загътой: «Дунедарӕгмӕ хъусдзыстӕм, ӕххӕст кӕндзыстӕм, цыдӕриддӕр нын бафӕдзӕхста, уый».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 24:7
17 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ хъӕрӕй расомы кодтой Дунедарӕджы раз, цинхъӕр самадтой, хӕтӕлтӕй Йын цагътой ӕмӕ сыкъауадындзтӕй уасыдысты.


Сӕттын мӕ рӕдыдыл, мӕ тӕригъӕд ӕдзух — мӕ разы.


Адӕм ӕмдзыхӕй загътой: «Сӕххӕст кӕндзыстӕм, Дунедарӕг цыдӕриддӕр загъта, уый!» Моисей Дунедарӕгмӕ фӕхӕццӕ кодта адӕмы дзуапп.


«Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: уӕ фыдӕлты уын Мысырӕй куы ракодтон, уӕд семӕ сфидар кодтон фидыд. Загътон сын:


Уыцы ныхас хорз уа ӕви ӕвзӕр — байхъусдзыстӕм Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, Кӕмӕ дӕ ӕрвитӕм, Уымӕ. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, куы хъусӕм, уӕд фарнӕй схайджын уыдзыстӕм».


Ӕз дӕ цурты рацӕйцыдтӕн ӕмӕ федтон, дӕ афон кӕй ӕрцыди, дӕ уарзты афон, уый. Уӕд Ӕз дӕ сӕрмӕ Мӕ уӕлӕфтау айтыгътон, дӕ бӕгънӕг буар дын ӕрӕмбӕрзтон, расомы дын кодтон ӕмӕ демӕ сарӕзтон фидыд, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ Мӕн сдӕ.


Иу Фыд нӕй не ’ппӕтӕн дӕр? Иу Хуыцау нӕ не сфӕлдыста? Уӕдӕ кӕрӕдзиуыл сайдӕй цӕмӕн цӕуӕм, цӕмӕн халӕм нӕ фыдӕлты фидыд?


Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй бакӕсыны фӕстӕ сӕм синагогӕйы хицӕуттӕ арвыстой афтӕ зӕгъынмӕ: «Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕм адӕмӕн зондамонӕн ныхас ис, уӕд ӕй зӕгъут».


Ацы фыстӕг уӕ аргъуаны куы бакӕсат, уӕд бакӕнут афтӕ, цӕмӕй йӕ бакӕсой Лаодикийы аргъуаны дӕр; Лаодикийӕ цы фыстӕг райсат, уый та сымах бакӕсут.


Бардарӕджы номӕй уын фӕдзӕхсын ацы фыстӕг ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр бакӕсын.


Адӕм Йешуайӕн загътой: «Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, кӕндзыстӕм лӕггад ӕмӕ Йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan