Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 24:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уӕд Моисей ныффыста Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Райсомӕй раджы хохрӕбын скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ сӕвӕрдта дыууадӕс дуры, Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы номыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 24:4
27 Iomraidhean Croise  

фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.


Йаков сыстади сӕумӕйӕ, йӕ нывӕрзӕнӕй дур райста ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта нысанӕн, оливӕйы сой йыл рауагъта.


Зӕрдылдаринагӕн цы дур сӕвӕрдтон, уый Хуыцауы хӕдзар суыдзӕн ӕмӕ мын цыдӕриддӕр дӕттай, уымӕн Дын фӕстӕмӕ йӕ дӕсӕймаг хай дӕтдзынӕн».


Уыйадыл Йаков дурцӕджындз сӕвӕрдта, зӕрдыл дарыны охыл,


Ӕмӕ Ахийа йӕ ног пӕлӕз раласта, дыууадӕс хӕцъилыл ӕй аскъуыдтӕ кодта


Дунедарӕг, Израил уыдзӕни дӕ ном, зӕгъгӕ, кӕмӕн загъта, уыцы Йаковы фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ Илийа дыууадӕс дуры райста


Ӕппӕт израилӕгты тыххӕй тӕригъӕды нывондӕн ӕрхастой сӕдӕ галы, дыууӕсӕдӕ фысы, цыппарсӕдӕ уӕрыччы. Дыууадӕс нӕл сӕгъы та — Израилы хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ.


Мыхуыртӕ сӕвӕрдтой: Хакалиайы фырт Неемиа, бӕстыхицау, ӕмӕ Цедекиа;


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Уыдӕттӕ зӕрдылдарынӕн ныффысс чиныджы, Йешуайӕн та зӕгъ, Ӕз амалекӕгтӕн арвы бын сӕ кой кӕй фесафдзынӕн, уый».


Моисей сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Йахве-Нисси.


Мӕнӕ, адӕмӕн цы уагӕвӕрдтӕ хъуамӕ раттай, уыдон.


Стӕй райста Фидыды уагӕвӕрдты чиныг ӕмӕ йӕ хъӕрӕй бакаст адӕмӕн. Адӕм загътой: «Дунедарӕгмӕ хъусдзыстӕм, ӕххӕст кӕндзыстӕм, цыдӕриддӕр нын бафӕдзӕхста, уый».


Дуртӕ нымадӕй уӕнт дыууадӕс, Израилы фыртты нӕмттимӕ: мыхуырыл фыст куыд скъахынц, афтӕ сыл къахт ӕрцӕуӕнт Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы нӕмттӕ, алы дурыл дӕр — иу ном.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ацы ныхӕстӕ ныффысс. Уыдон сты, демӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ цы фидыд аразын, уый домӕнтӕ».


Уыцы бон Дунедарӕгӕн Мысыры бӕстастӕу ӕвӕрд ӕрцӕудзӕни нывондхӕссӕн, йӕ арӕныл та — Дунедарӕджы уаз дур:


Райс ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад ӕмӕ дзы сфыц дыууадӕс тӕнӕг дзулы, алы дзулыл дӕр ссад ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайы куыд ацӕуа, афтӕ.


«Зӕгъ израилӕгтӕн ӕмӕ сын дыууадӕс лӕдзӕджы ӕрбахӕссын кӕн — мыггӕгты фӕтӕгты лӕдзджытӕ. Алы лӕдзӕгыл дӕр йӕ хицауы ном ныффысс,


цӕмӕй Мӕ Паддзахады Мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат. Ӕмӕ сымах паддзахы бадӕнты ӕрбаддзыстут Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.


Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Йаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн — аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон — немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕгтӕм, уыдон та — сунӕтгӕндтӕм.


Моисей ныффыста уыцы Ӕгъдау ӕмӕ йӕ, Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕм, Левийы байзӕддӕгтӕм, стӕй Израилы хистӕртӕм радта.


Иорданӕй цы дыууадӕс дуры рахастой, уыдон Йешуа ӕрӕвӕрдта Гилгалы


ӕмӕ сын загъта: «Цӕугӕут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Фидыды Чырынмӕ, Иорданы бӕстастӕумӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр, Израилы хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ, фӕйнӕ дуры сисӕд йе уӕхскмӕ.


Сахары къулӕн ис дыууадӕс бындуры, уыдоныл фыст сты Уӕрыччы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan