8 Гӕртӕмттӕ ма ис. Гӕртам цӕстджыны куырм кӕны, раст ӕвдисӕнӕн йӕ хъару сӕтты.
Дунедарӕг! Ды — мӕ исбон, мӕ хъысмӕт. Дӕ къухы ис мӕ фидӕн.
Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад мӕ ныууагътой, фӕлӕ мӕ Ды, Дунедарӕг, Дӕхимӕ ’рбахӕстӕг кӕндзынӕ.
Кӕрӕф адӕймаг йӕ хӕдзарыл фыдбылыз ӕфтауы; гӕртӕмттӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты, уый та цӕрдзӕн.
Ӕнӕхуыцау фӕччийы бынӕй гӕртӕмттӕ исы, цӕмӕй раст тӕрхон сзыгъуыммӕ кӕна.
Гӕртам, чи йӕ дӕтты, уый цӕсты у алӕмӕты дур: кӕдӕмфӕнды ма фӕзилӕд, алы ран дӕр — пайда.
Хъӕздыгдзинад ӕрдхӕрдты нымӕц фӕфылдӕр кӕны, мӕгуыр лӕджы та йӕ лымӕн дӕр ныууадзы.
Искӕй ӕфхӕргӕйӕ, зондджын дӕр сӕдылы вӕййы; гӕртӕмттӕ лӕгӕн йӕ зонд сафынц.
Дзӕгъӕлы Мын хӕссут хуынтӕ, Мӕ зӕрдӕ фӕцъӕх ис уӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй. Уӕ мӕйног ӕмӕ уӕ сабат — уӕнгӕл сты фыдгӕнджыты бӕрӕгбӕттӕ.
Де ’лдӕрттӕ систы ӕгъдаухалджытӕ, къӕрныхтимӕ — ӕмдзӕхдон. Уарзынц лӕвӕрттӕ, исынц гӕртӕмттӕ, сидзӕры сӕрыл нӕ хӕцынц, идӕдз усы марой сӕм нӕ хъары.
Ӕрмӕстдӕр уый бон, йӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕмӕн сты, ӕдзух йе ’взаг рӕстдзинад кӕмӕн дзуры, мулк скӕныны охыл искӕй чи не ’фхӕры, гӕртӕмттӕ чи нӕ исы, туг ныккалыны уынаффӕтӕ чи нӕ хӕссы, хӕрам митӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты.
Додой сӕ къона, йе ’хсар сӕн нуазыныл кӕмӕн у, йӕ хъомыс та — хъӕбӕр нозт уадзыныл.
Уыдон гӕртамы фӕрцы азымджыны сраст кӕнынц, раст лӕджы та фӕзылын кӕнынц.
Дӕ гӕртамхорты аххосӕй адӕмы туг ныккӕлы. Ӕфстау дӕттыс пайда райсыны охыл, тыхӕй байсыс дӕ хионы исбон, Мӕн та ферох кодтай, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Нуазын ӕмӕ хӕтын йеддӕмӕ сын мацы ратт, сӕ фӕтӕгтӕ фидиссаг митыл бафтыдысты.
Ӕз зонын, цас фыдбылызтӕ ӕмӕ цас тӕригъӕдтӕ сарӕзтат, уый. Сымах рӕстгӕнджыты ӕфхӕрут, гӕртӕмттӕ исут, мӕгуыртӕн тӕрхондоны раст тӕрхон нӕ кӕнут.
Ӕрмӕст фыдбылызтӕ аразынмӕ сты дӕсны: барджын агуры лӕвӕрттӕ, тӕрхоны лӕг — гӕртӕмттӕ; бӕстӕйы хицау, цы йӕ бахъӕуы, уый ӕрдомы, иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ сты ныхасгонд.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, хуыцӕутты Хуыцау у, хицӕутты Хицау; хъулон ми Чи нӕ зоны ӕмӕ гӕртам Чи нӕ исы, уыцы хъомысджын ӕмӕ тасӕфтауӕг стыр Хуыцау.
Галиу тӕрхон ма кӕн, хъулон мийӕ дӕхи хиз. Гӕртӕмттӕ ма ис, уымӕн ӕмӕ гӕртам куырыхоны куырм кӕны, раст лӕджы — зылын.
Ныр уӕ разы дӕн, ӕмӕ мын Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты раз комкоммӕ зӕгъут: искӕмӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг байстон? Искӕй бастыгътон? Искӕй бафхӕрдтон? Искӕмӕй гӕртам райстон ӕмӕ уыцы гӕртамӕй мӕ цӕстытӕ бакуырм кодтон? Афтӕ кӕд у, уӕд зӕгъут, ӕмӕ уын сӕ бафиддзынӕн».
Фӕлӕ уыдон сӕ фыды фӕндагыл нӕ цыдысты: мулкӕй нӕ зыдтой ӕфсис, истой гӕртам, кодтой галиу тӕрхон.