7 Дӕхи хиз галиу тӕрхон рахӕссынӕй, ӕназым ӕмӕ рӕстаджы ма амарын кӕн — ахӕм фыдгӕнӕг Мӕ азарӕй нӕ аирвӕздзӕн.
Авраам ӕм хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ау, фыдгӕнджытимӕ рӕстыты дӕр фесафдзынӕ?
Ӕппӕтхъомысмӕ раздах де ’ргом, ӕмӕ та ногӕй дӕ цард йӕ гаччы сбаддзӕн, ӕрмӕст фӕсур дӕ цатырӕй тӕригъӕд.
Ма амар.
Искӕй ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу.
Дам-думтӕ ма хӕлиу кӕн. Тӕрхондоны фыдгӕнӕджы фарс ма рахӕц — мӕнгӕвдисӕн ын ма ныллӕу.
Йӕ зӕрдӕ нӕ ивы мин фӕлтӕры онг, быхсы азым, фыдракӕнд ӕмӕ тӕригъӕдӕн, фӕлӕ фыдӕлты азымы тыххӕй ӕнӕ бафхӕргӕ нӕ ныууадзы цоты ӕмӕ цоты цоты — ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг».
Фидар зон: тӕригъӕдджын ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн, фӕлӕ рӕстудты мыггаг фервӕздзӕн.
Ӕнӕхуыцауы раст чи кӕны, рӕстуды — азымджын, иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Дунедарӕджы раз — ӕлгъаг.
Ӕрмӕстдӕр уый бон, йӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕмӕн сты, ӕдзух йе ’взаг рӕстдзинад кӕмӕн дзуры, мулк скӕныны охыл искӕй чи не ’фхӕры, гӕртӕмттӕ чи нӕ исы, туг ныккалыны уынаффӕтӕ чи нӕ хӕссы, хӕрам митӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты.
Додой сӕ къона, фыдракӕнд хорз чи хоны, хорздзинад та — фыдракӕнд, тар рухсыл чи нымайы, рухс та — тарыл, маст — хӕрзадыл, хӕрзад та — мастыл!
Ма давут, ма сайут, кӕрӕдзиуыл хинӕй ма цӕут.
Дам-думтӕ ма хӕлиу кӕн дӕ адӕмы ’хсӕн ӕмӕ йӕ цард макӕмӕн аскъуын. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Дунедарӕг Йӕ маст исынмӕ нӕ тагъд кӕны. Ӕгӕрон у Йӕ хъомыс, хӕрам митӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадзы. Уадтымыгъ ӕмӕ тыгъдызӕйы рацӕйцӕуы Дунедарӕг, ӕврӕгътӕ рыджы хуызӕн бассӕнды Йӕ къӕхты бын.
Фарстой йӕ ӕфсӕддонтӕ дӕр: «Махӕн та цы гӕнгӕ у?» Иоанн сын загъта: «Макӕй стигъут ӕмӕ тыхӕй макӕмӕй мацы исут — разы ут уӕ мыздӕй».
Уӕларвӕй ӕргомгонд цӕуы: Хуыцауы ӕцӕгад фыдӕхӕй ссӕндӕг адӕм сӕ ӕнӕхуыцау митӕ ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй баййафдзысты Хуыцауы азар.
Уӕдӕ мӕнг ныхӕстӕ мауал кӕнут — алчидӕр йӕ хионӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый, уымӕн ӕмӕ мах стӕм иу буары уӕнгтӕ.
Исчи искӕимӕ фӕбыцӕу ис, зӕгъгӕ, уӕд сӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууын хъӕуы: уадз ӕмӕ хъуыддаг ӕвзӕрст ӕрцӕуа ӕмӕ рабӕрӕг уа, раст чи у ӕмӕ зылын чи у, уый.
„Ӕлгъыст фӕуӕд, искӕй амарын ӕмӕ ӕнаххос адӕймаджы туг ныккалыны тыххӕй гӕртам чи райса, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“
Уӕхи хизут алы ӕвзӕр хъуыддагӕй дӕр.