5 Дӕ фыдгулы хӕрӕг йӕ уаргъы бын ӕрхауди, уый куы фенай, уӕд йӕ иувӕрсты ма ацу — хӕрӕджы хицаумӕ фӕкӕс, ӕмӕ йӕ сыстын кӕнут иумӕ.
Кӕд де знаг ӕххормаг у, уӕд ын дзул ратт, кӕд дойныйӕ мӕлы, уӕд ӕй донӕй бафсад.
Де ’фсымӕры дзӕгъӕл стур кӕнӕ лыстӕг фосыл куы бамбӕлай, уӕд ӕй уым ма ныууадз — йӕ хицауыл ӕй сӕмбӕлын кӕн.
Фӕндагыл искӕмӕн йӕ хӕрӕг кӕнӕ йӕ гал бастад ӕмӕ ӕрхауд, зӕгъгӕ, уӕд йӕ иувӕрсты ма ахиз — йӕ хицауӕн ын феххуыс кӕн, ӕмӕ йӕ иумӕ слӕууын кӕнут йӕ къӕхтыл.