Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 23:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 фӕлӕ-иу сӕ ӕвдӕм аз мауал байтаут. Йӕхигъӕдӕй уӕ хуымты цы ’рзайа, уый-иу хӕрӕнт уӕ адӕмы мӕгуыртӕ, уыдоны уӕлдӕйттӕ та — сырдтӕ. Афтӕ-иу бакӕнут уӕ сӕндӕттӕ ӕмӕ уӕ оливӕ бӕлӕстӕн дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 23:11
11 Iomraidhean Croise  

ӕцӕгӕлон адӕмтӕ исты уӕй кӕнынмӕ ӕрбаластой сабаты, зӕгъгӕ, уӕд сын дзы сабаты дӕр ӕмӕ бӕрӕгбоны дӕр кӕй не ’лхӕндзысты; цыфӕнды хӕс ма уӕд, ӕвдӕм аз-иу ӕй сӕ хӕсджынӕн кӕй ныббардзысты, стӕй ма — ӕвдӕм аз зӕххӕн улӕфыны фадат кӕй дӕтдзысты, уый тыххӕй.


Ноджы ма нӕхицӕн фӕткыл банымадтам, нӕ Хуыцауы хӕдзар хъуаг цӕмӕй ӕййафа, уыдӕттӕн афӕдз шекелы ӕртыккаг хай дӕттын:


Ӕхсӕз азы дӕргъы таут уӕ хуымтӕ ӕмӕ сын ӕфснайут сӕ бӕркад,


Ӕхсӕз боны дӕргъы кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ӕвдӕм бон та уын уӕд ӕнцойы бон, цӕмӕй баулӕфой уӕ галтӕ ӕмӕ уӕ хӕрджытӕ дӕр, сӕ фӕллад суадзой уӕ цагъайраг сылгоймӕгты фырттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ.


Сымах бафӕрсдзыстут: „Куы ницы байтауӕм ӕмӕ тыллӕг куынӕ ӕрӕмбырд кӕнӕм, уӕд ӕвдӕм аз цы хӕрдзыстӕм?“


Ӕстӕм аз байтаудзыстут уӕ хуымтӕ, хӕргӕ та нырма кӕндзыстут уӕ раздӕры тыллӕгӕй. Цалынмӕ фарӕстӕм азы тыллӕг ӕрзайа, уӕдмӕ уын фаг уыдзӕн.


Кӕд нӕ, мыййаг, йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕм не ’рбакодтай ӕмӕ нын хуымгӕндтӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ нӕ радтай! Афтӕ ӕнхъӕлыс, ӕмӕ адӕмыл цӕстытӕ нӕй? Нӕ дӕм бацӕудзыстӕм!»


Бӕстӕйы кӕддӕриддӕр мӕгуыр адӕм уыдзӕни, ӕмӕ дын уымӕ гӕсгӕ фӕдзӕхсын ӕз: рӕдаукъух у де ’фсымӕрӕн, дӕ бӕстӕйы цӕрӕг ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуырӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan