Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 22:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Цы адавта, уый йӕм — гал уа, хӕрӕг ӕви фыс — удӕгасӕй куы ссарой, уӕд-иу ӕй бафидӕд дывӕрӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 22:4
11 Iomraidhean Croise  

Искӕй чи адава ӕмӕ йӕ чи ауӕй кӕна, науӕд давд адӕймаджы кӕмӕ ссарой, уый хъуамӕ мард ӕрцӕуа.


Исчи гал кӕнӕ фыс куы адава ӕмӕ йӕ куы аргӕвда кӕнӕ куы ауӕй кӕна, уӕд-иу галы сӕрмӕ раттӕд фондз галы, фысы сӕрмӕ та цыппар фысы.


Исчи искӕй хуым кӕнӕ сӕндонӕн знаггад куы ракӕна — йӕ фос ӕм хизынмӕ куы бауадза, ӕмӕ йӕ куы фесафой, уӕд, цы зиан ракӕной, уый бафидӕд йӕхи хуым кӕнӕ сӕндоны ӕвзаргӕ тыллӕгӕй.


Иу лӕг иннӕмӕ ӕвзист кӕнӕ исты дзауматӕ ӕвӕрынмӕ куы ратта, уымӕн сӕ йӕ хӕдзарӕй куы адавдӕуа ӕмӕ давӕджы куы ссарой, уӕд сӕ давӕг дывӕрӕй бафидӕд.


Алы дзырддаг гал, хӕрӕг, фыс кӕнӕ уӕлӕдарӕс, цыфӕнды сӕфт мулчы фӕдыл быцӕу дӕр хъуамӕ хаст ӕрцӕуа Хуыцауы тӕрхонмӕ. Мулкӕй, мӕн у, зӕгъгӕ, чи дзура, уыцы дыууӕ хъастгӕнӕгӕй Хуыцау азымджыныл кӕй банымайа, уый хъуамӕ дывӕрӕй бафида иннӕмӕн.


Фӕлӕ йӕ куы ’рцахсынц, уӕд, цы адавта, уый авд ахӕмӕй бафиды, йӕ хӕдзары исбон иууылдӕр лӕвӕрд ӕрцӕуы.


Йерусалиммӕ рӕвдаугӕ дзурут. Зӕгъут ын, дӕ уацары бонтӕ, зӕгъ, фӕцыбыр сты, дӕ азым дын барст ӕрцыди. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы къухӕй дывӕр ӕфхӕрд баййӕфта йӕ тӕригъӕдты тыххӕй!»


Сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндтӕ Ӕз бафиддзынӕн дывӕрӕй, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх ӕнаккаг мӕрдтӕй фӕчъизи кодтой, Мӕ зӕххы хай Мын се ’лгъӕгтӕй байдзаг кодтой».


— мӕнг сомы цӕйдӕриддӕр тыххӕй ракодта, уыдон иууылдӕр. Фиддоны нывонд ӕрхӕссыны бон фӕстӕмӕ алцыдӕр хицауӕн раттӕд ӕмӕ ма сӕм сӕ аргъы фӕндзӕм хай бафтауӕд.


Йӕхӕдӕг куыд ӕфхӕрдта, афтӕ йӕ бафхӕрут. Цытӕ фӕкодта, уыдӕттӕ йын бафидут дывӕрӕй. Сӕн-иу цы кӕхцы ныккодта, уым ын дыууӕ хатты карздӕр сӕн ӕркӕнут.


Уый сын загъта: «Абон Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрст — ӕвдисӕнтӕ, кӕй ницы мӕм ссардтат азымӕй, уый тыххӕй». Дзуапп ын радтой: «Ӕвдисӕнтӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan