Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 22:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Фӕлӕ ацы хъуыддаг хурыскасты фӕстӕ куы ’рцӕуа, уӕд марӕг азымджын у. Давӕг хъуамӕ бафида, фӕлӕ йӕм куы ницы уа, уӕд, цы адавта, уый ныхмӕ уӕйгонд ӕрцӕуӕд йӕхӕдӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 22:3
9 Iomraidhean Croise  

Уый загъта: «Фӕуӕд афтӕ, синон кӕмӕ разына, ӕрмӕст мӕм уый баззайдзӕни цагъарӕй, иннӕтӕ ӕназым уыдзысты».


Дзуттаг цагъары куы балхӕнай, уӕд дӕм бакусӕд ӕхсӕз азы, ӕвдӕм аз ӕй суӕгъд кӕн ӕнӕ фиддон.


уӕд ын йӕ хицауӕн хъуамӕ цъайы хицау йӕ аргъ бафида, фосы мард та йӕхи фӕуӕд.


Давӕджы сисы бын къахгӕ чи баййафа, афтӕмӕй йӕ чи ныццӕва ӕмӕ амара, уый азымджын нӕу.


Йерусалиммӕ рӕвдаугӕ дзурут. Зӕгъут ын, дӕ уацары бонтӕ, зӕгъ, фӕцыбыр сты, дӕ азым дын барст ӕрцыди. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы къухӕй дывӕр ӕфхӕрд баййӕфта йӕ тӕригъӕдты тыххӕй!»


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.


Цӕмӕй сӕ бафида, уый йӕм кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ паддзах бардзырд радта, цӕмӕй хӕсджынӕн йӕхи дӕр, йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты дӕр, стӕй йӕм исбонӕй цыдӕриддӕр ис, уый иууылдӕр ауӕй кӕной ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ хӕс бафидой.


Дунедарӕг смӕсты ис Израилмӕ ӕмӕ сӕ филистимӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты къухмӕ радта.


Дунедарӕг сыл абырджыты сагъуыйын кодта, ӕмӕ сӕ стыгътой. Сӕ алыварс цӕрӕг знӕгты къухтӕм сӕ радта, ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ ныхмӕ хӕцын сӕ бон нал уыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan