12 Фос давд куы ’рцӕуа, уӕд та, йӕ цӕст ӕм чи дардта, уый фосы хицауӕн бафидӕд.
Дӕ фосӕй дын тугдзых сырд аргӕвста, зӕгъгӕ, уӕд-иу дӕм ӕй нӕ бахастон, фӕлӕ-иу дын йӕ аргъ мӕхӕдӕг бафыстон. Боныгон ӕрцыдаид уыцы зиан ӕви ӕхсӕв — агуырдтай йӕ мӕнӕй.
уӕд, фосмӕ йӕ цӕст чи дардта, уый Дунедарӕджы раз ард бахӕрӕд, цӕмӕй сбӕлвырд уа, кӕйдӕр фосмӕ кӕй нӕ фӕныхылдта, уый. Фосы хицау ын йӕ ардбахӕрд сфидар кӕнӕд, ӕмӕ йӕ уӕд фидын ницы хъӕудзӕн.
Фосы сырд куы ныттона, уӕд ын, йӕ цӕст ӕм чи дардта, уый йӕ мард йӕ хицауӕн равдисӕд: тынд фос ын фиддон ма уӕд.
Иу лӕг иннӕмӕ ӕвзист кӕнӕ исты дзауматӕ ӕвӕрынмӕ куы ратта, уымӕн сӕ йӕ хӕдзарӕй куы адавдӕуа ӕмӕ давӕджы куы ссарой, уӕд сӕ давӕг дывӕрӕй бафидӕд.