Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 22:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Иу лӕг иннӕмӕ хӕрӕг, гал, фыс кӕнӕ ӕндӕр исты фос куы ратта, цӕст ӕм фӕдарыны охыл, ӕмӕ фос куы фӕхӕдмӕл, куы фӕсахъат уа, йе та тӕлӕтгонд куы ’рцӕуа ӕмӕ уымӕн ӕвдисӕн куынӕ разына,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 22:10
6 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ уый не сразы: «Ме ’лдары мӕн руаджы ницӕйуал мӕт ис йӕ хӕдзары. Йе ’ппӕт исбон дӕр бакодта мӕ быгъдуан,


уӕд, фосмӕ йӕ цӕст чи дардта, уый Дунедарӕджы раз ард бахӕрӕд, цӕмӕй сбӕлвырд уа, кӕйдӕр фосмӕ кӕй нӕ фӕныхылдта, уый. Фосы хицау ын йӕ ардбахӕрд сфидар кӕнӕд, ӕмӕ йӕ уӕд фидын ницы хъӕудзӕн.


Алы дзырддаг гал, хӕрӕг, фыс кӕнӕ уӕлӕдарӕс, цыфӕнды сӕфт мулчы фӕдыл быцӕу дӕр хъуамӕ хаст ӕрцӕуа Хуыцауы тӕрхонмӕ. Мулкӕй, мӕн у, зӕгъгӕ, чи дзура, уыцы дыууӕ хъастгӕнӕгӕй Хуыцау азымджыныл кӕй банымайа, уый хъуамӕ дывӕрӕй бафида иннӕмӕн.


Йӕ хицауы фӕндон чи нӕ зыдта, афтӕмӕй нады аккаг митӕ чи фӕкодта, уый та къаддӕр ӕфхӕрд баййафдзӕн. Хуыцау бирӕ кӕмӕн радта, уымӕй бирӕ ӕрдомдзӕн, йӕ бӕрны фылдӕр кӕмӕн бакодта, уымӕй фылдӕр ӕрцагурдзӕн.


Уӕдӕ кӕд ӕнӕраст мулкыл иузӕрдион нӕ разындыстут, уӕд уын ӕцӕг мулк уӕ бӕрны чи бакӕндзӕн?


Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ, Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе ’рцыды бонмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan