Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 21:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 уӕд ӕй йӕ хицау бакӕнӕд Хуыцауы размӕ — бакӕнӕд ӕй дуармӕ кӕнӕ дуарӕн йӕ тарвазмӕ — ӕмӕ йын уым туасӕй фӕхуынкъ кӕнӕд йӕ хъус, ӕмӕ йӕ хицауӕн цагъарӕй баззайӕд мыггагмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 21:6
24 Iomraidhean Croise  

Уыдон ын загътой: «Абон сын ды лӕггадгӕнӕг куы суай ӕмӕ сӕ лӕгъз ныхасӕй куы барӕвдауай, уӕд дын цӕрӕнбонты уыдзысты иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ».


Зарӕг. Асафы псалом.


Уыцы ӕхсӕв Ӕз Мысыры астӕуты ацӕудзынӕн ӕмӕ йын фӕмард кӕндзынӕн йӕ хистӕр фыртты дӕр ӕмӕ йӕ фосы сӕртӕ дӕр. Уый уыдзӕн Мӕ тӕрхон Мысыры ӕппӕт хуыцӕуттӕн. Ӕз — Дунедарӕг!


Нӕлгоймӕгтӕ хыл кӕнынц, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй исчи ӕнхъӕлцау сылгоймаджы ныццавта, ӕмӕ уый февзӕр ис, фӕлӕ уымӕй дарддӕр йӕхи удӕн ницы уыди, зӕгъгӕ, уӕд, кӕй аххосӕй фефтыдта, уый сылгоймагӕн бафидӕд, йӕ сӕрыхицау цас зӕгъа, уыйас.


Фӕлӕ цагъар куы зӕгъа, уарзын мӕ хицауы, мӕ усы ӕмӕ мӕ сабиты ӕмӕ мӕ сӕрибар нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ,


Иу адӕймаг йӕ чызджы иннӕмӕн куы ауӕй кӕна, уӕд уыцы чызгӕн нӕлгоймаг цагъартау ссӕрибар уӕвӕн нӕй.


Хуыцауы ма фау, дӕ фӕтӕджы фыдгой ма кӕн.


Раздӕрау та дын дӕ сӕргъы ӕвӕрдзынӕн тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ уынаффӕйы лӕгты. Схондзысты дӕ „рӕстгӕнджыты сахар“ ӕмӕ „иузӕрдион сахар“».


Зӕхх мыггагмӕ ауӕй кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ уый Мӕн у, сымах та стут, Мӕ зӕххыл чи ӕрцард, ахӕм ӕрцӕуӕггӕгтӕ.


Ӕххуырст кӕнӕ уе ’хсӕн ӕрцӕрӕг ӕцӕгӕлоны цӕстӕй йӕм кӕс, Ӕрдӕгсӕдӕйон азы онг дӕм кусӕд.


Йӕ уӕздӕттӕ рыхынц домбӕйттау, йӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕхсӕвдзу бирӕгътау райсоммӕ стӕг нал ныууадзынц.


Ӕмӕ загътон уӕд ӕз уӕ тӕрхонгӕнджытӕн: „Лӕмбынӕг ӕвзарут уе ’фсымӕрты ’хсӕн быцӕутӕ ӕмӕ раст тӕрхон кӕнут, израилӕгтӕ сӕхимидӕг куы фӕбыцӕу уой, уӕд дӕр, израилаг ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг куы быцӕу кӕной, уӕд дӕр.


Дӕхи дӕр ӕмӕ дын дӕ бинонты дӕр куы бауарза ӕмӕ дын куы зӕгъа, нӕ цӕуын, мӕнӕн сымахмӕ хорз у, зӕгъгӕ,


уӕд райс туас, йӕ хъус ын дуармӕ балхъив ӕмӕ йын ӕй туасӕй фӕхуынкъ кӕн, цӕмӕй дӕм цӕргӕбонты цагъарӕй баззайа. Афтӕ кӕнгӕ у сылгоймаг цагъарӕн дӕр.


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дын кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы сахарты дӕ мыггӕгтӕн тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ уагдартӕ сӕвӕр, адӕмӕн раст тӕрхон куыд кӕной, афтӕ.


Аннӕ та нӕ ацыди. Йӕ мойӕн загъта: «Саби риуӕй иртӕст куы ’рцӕуа, уӕд ӕй мӕхӕдӕг фӕхӕццӕ кӕндзынӕн Дунедарӕджы размӕ, ӕмӕ уыйадыл уым баззайдзӕн».


Ахиш ӕууӕндыди Давидыл ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Уый ахӕм уӕнгӕл фестад йӕ адӕмӕн, Израилӕн, ӕмӕ мын мыггагмӕ уыдзӕни лӕггадгӕнӕг».


Давид ын дзуапп радта: «Гъеныр дӕхи цӕстӕй фендзынӕ, дӕ цагъар цы бакӕндзӕн, уый». Ахиш загъта Давидӕн: «Гъемӕ дӕ нырӕй фӕстӕмӕ мӕхицӕн хъахъхъӕнӕгӕй исын».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan