2 Дзуттаг цагъары куы балхӕнай, уӕд дӕм бакусӕд ӕхсӕз азы, ӕвдӕм аз ӕй суӕгъд кӕн ӕнӕ фиддон.
Гъемӕ дӕ Хуыцау арвы ’ртӕх ӕмӕ зӕххы сойӕ барӕвдауӕд! Дӕ хортӕ ӕмӕ дӕ сӕнӕн ныккӕнӕн дӕр куыннӕ уа, уыцы хорзӕхӕй дӕ схайджын кӕнӕд!
Исав ын загъта: «Хуымӕтӕджы йӕ не схуыдтой Йаков — ныр мыл дыууӕ хатты рацыди хинӕй. Фыццаг мын мӕ хистӕрад байста, ныр та — мӕ арфӕ». Йӕ фыды ма бафарста: «Ау, мӕнӕн дӕм арфӕйы ныхас нал разындзӕн?»
Пехуымпарты устытӕй иу ӕрбацыди Елисеймӕ, уый куыдта ӕмӕ хъӕр кодта: «Мӕ мой, дӕ цагъар, амарди. Хуыцауӕн кад кӕй кодта, уый дӕхӕдӕг дӕр зоныс. Ныр нӕм, ӕфстау кӕмӕй райста, уый ӕрбацыд ӕмӕ мын хъуамӕ мӕ дыууӕ фырты дӕр байса, йӕхицӕн сӕ цагъартӕ скӕна».
Загътон сын, ӕндӕр адӕмтӕм, зӕгъын, уӕйгонд чи ӕрцыди, уыцы иудейӕгты мах, нӕ бон цас уыди, уыйас фӕстӕмӕ фелхӕдтам. Сымах та, зӕгъын, уе ’фсымӕрты уӕй кӕнут, ӕмӕ ныр махӕн ӕлхӕнинаг фесты! Ницы дзырдтой, стӕй зӕгъгӕ дӕр цы хъуамӕ кодтаиккой?
Хӕрӕн дзы ис, ӕвзистӕй ӕлхӕд чи ӕрцӕуа ӕмӕ сунӕт кӕмӕн скӕнат, уыцы цагъарӕн.
Кӕд ӕрмӕст йӕхӕдӕг сси цагъар, уӕд ссӕрибар уӕд йӕхӕдӕг, кӕд ӕмӕ — ӕд ус, уӕд та — йӕ усимӕ.
Иу адӕймаг йӕ чызджы иннӕмӕн куы ауӕй кӕна, уӕд уыцы чызгӕн нӕлгоймаг цагъартау ссӕрибар уӕвӕн нӕй.
Фӕлӕ ацы хъуыддаг хурыскасты фӕстӕ куы ’рцӕуа, уӕд марӕг азымджын у. Давӕг хъуамӕ бафида, фӕлӕ йӕм куы ницы уа, уӕд, цы адавта, уый ныхмӕ уӕйгонд ӕрцӕуӕд йӕхӕдӕг.
Фӕстӕмӕ ӕлхӕд куынӕ ӕрцӕуа, уӕд йӕ цотимӕ уӕгъдгонд ӕрцӕудзӕн Ӕрдӕгсӕдӕйон азы,
Цӕмӕй сӕ бафида, уый йӕм кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ паддзах бардзырд радта, цӕмӕй хӕсджынӕн йӕхи дӕр, йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты дӕр, стӕй йӕм исбонӕй цыдӕриддӕр ис, уый иууылдӕр ауӕй кӕной ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ хӕс бафидой.
Стыр аргъӕй ӕлхӕд ӕрцыдыстут. Уӕдӕ кад кӕнут Хуыцауӕн уӕ буарӕй.
Алы ӕвдӕм аз дӕр-иу, хӕс дӕ чи дары, уымӕн йӕ хӕс ныххатыр кӕн.
Дӕ цагъары кӕй сӕрибар кӕныс, ууыл ма маст кӕн: уый дын ӕхсӕз азмӕ дыууӕ ӕххуырстӕй фылдӕр пайда ӕрхаста, Дунедарӕгӕй та, дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уыдзӕн дӕ алы хъуыддаг дӕр.
Бафӕдзӕхста сын Моисей: «Авд азы фӕстӕ, хатыр кӕныны аз, Халагъудты бӕрӕгбоны,