7 Ӕнӕхъуаджы ма сдзур Дунедарӕджы, Дӕ Хуыцауы, ном. Дунедарӕг ӕнӕбафхӕргӕ нӕ ныууадздзӕн, Йӕ ном Ын ӕнӕхъуаджы чи дзура, уый.
Исаак ӕй бафарста: «Цӕй тагъд ацуан кодтай уый, мӕ хъӕбул?» Фырт ын дзуапп радта: «Мӕ размӕ мын ӕй Дунедарӕг, Дӕ Хуыцау, рарвыста».
Фӕлӕ ды куырыхон лӕг дӕ, ӕмӕ йӕ ӕнӕ бафхӕргӕ ма ныууадз. Ныр цы зӕры кармӕ бацыд, уымӕй дарддӕр мауал фӕцӕрӕд, йӕ туг ныккӕлӕд ӕмӕ амӕлӕд».
уӕд Гиези, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Елисейы лӕггадгӕнӕг, загъта йӕхицӕн: «Мӕ хицау уыцы арамейаг Нееманы лӕвӕрттӕ нӕ бакуымдта, фӕлӕ сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕз ӕй хъуамӕ баййафон ӕмӕ дзы исты райсон».
цӕмӕй, куы фелгъӕд уон, уӕд Дӕ ма ферох кӕнон ӕмӕ афтӕ ма зӕгъон: «Дунедарӕг та чи у?»; цӕмӕй фыр мӕгуырӕй давын ма райдайон ӕмӕ Дын Дӕ ном ма сӕгад кӕнон.
Фӕлӕ уый фӕстӕ уӕ фӕнд аивтат ӕмӕ Мын Мӕ ном сӕгад кодтат. Алчидӕр уӕ ауагъта йӕ цагъарты, цӕмӕй, кӕдӕм сӕ фӕнды, уырдӕм цӕуой, фӕлӕ сӕ фӕстӕмӕ раздӕхтат ӕмӕ та сӕ ногӕй уӕхицӕн цагъайрӕгтӕ скодтат.
Мӕ адӕм Израилӕн раргом кӕндзынӕн Мӕ уаз ном ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ фегад кӕнын нал бауадздзынӕн. Уӕд адӕмтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы Уаз Хуыцау, уый.
Мӕ номӕй мӕнг сомытӕ ма кӕнут, науӕд уӕ Хуыцауы ном фегад кӕндзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Хуыцау уыны мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мын у ӕвдисӕн: ӕз Коринфмӕ ныронг не ’рцыдтӕн, кӕй уыл ауӕрдын, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй.
Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, уарз, тӕрс Дзы ӕмӕ Йын лӕггад кӕн, дӕхи Йыл бафӕдзӕхс ӕмӕ Йын Йӕ номӕй ард хӕр.
Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ном хъӕуа-нӕ хъӕуа ма дзур: афтӕ чи кӕны, уымӕн ӕй Дунедарӕг нӕ ныббардзӕн.
Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсут, ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕнут ӕмӕ Йӕ номӕй сомы кӕнут.
Уӕлдайдӕр, ме ’фсымӕртӕ, ма сомы кӕнут нӕдӕр арвӕй, нӕдӕр зӕххӕй, нӕдӕр ӕндӕр истӕмӕй. Фӕлӕ уӕ «о» хъуамӕ уа «о», уӕ «нӕ» та — «нӕ», ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат.
Уӕдӕ мын Дунедарӕгӕй ард бахӕрут, ӕз уын хорзы куыд бацыдтӕн, афтӕ сымах дӕр мӕ бинонтӕн хорзы кӕй бацӕудзыстут. Бӕлвырд ӕвдисӕйнаг мын раттут,
Сгарджытӕ йын загътой: «Цы ард дын бахордтам, уымӕй сӕрибар уыдзыстӕм, мӕнӕ афтӕ куынӕ бакӕнай, уӕд.
Афтӕ сын бакӕнӕм: сӕрӕгасӕй сӕ ныууадзӕм, науӕд нӕ ард куы фӕсайӕм, уӕд нӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.