6 Мӕн чи уарзы ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн та мин фӕлтӕры онг — арфӕгӕнӕг.
Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, цытджын ӕмӕ тасӕфтауӕг, фидыд зӕрдыл дарӕг, чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн фарн дӕттӕг Хуыцау!
Мӕргътӕ сыл ахстӕттӕ кӕнынц, нӕзытыл ӕрбынат кӕнынц къадзтӕ.
Йӕ зӕрдӕ нӕ ивы мин фӕлтӕры онг, быхсы азым, фыдракӕнд ӕмӕ тӕригъӕдӕн, фӕлӕ фыдӕлты азымы тыххӕй ӕнӕ бафхӕргӕ нӕ ныууадзы цоты ӕмӕ цоты цоты — ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг».
Мӕ лӕппу! Мӕ зондамынд мын ма ферох кӕн, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын дӕ зӕрдӕйы арф бавӕр, —
Дӕ хорзӕхтӕ мингай адӕмӕн раттыс, ныййарджыты тӕригъӕдтӕ бафидын кӕныс сӕ цотӕн. О хъомысджын стыр Хуыцау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг!
„Дунедарӕг бирӕбыхсаг ӕмӕ бирӕбараг у! Уый ныххатыр кӕны рӕдыдтытӕ ӕмӕ тӕригъӕдтӕ, фӕлӕ аххосджыны ӕназымыл нӕ банымайы. Уый ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг тӕригъӕд бафидын кӕны“.
Кӕд Мӕ уарзут, уӕд ӕххӕст кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ.
Мӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй зӕрдӕйы сты ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый Мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та Мӕ Фыд бауарздзӕн, стӕй йӕ Ӕз дӕр бауарздзынӕн ӕмӕ йын Мӕхи раргом кӕндзынӕн».
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта сымахӕн ӕмӕ уӕ цотӕн, стӕй, дард чи у — нӕ Бардарӕг Хуыцау кӕмӕ сиды, ӕппӕт уыдонӕн».
Уӕ фыдӕлты уын кӕй уарзта, сӕ хъӕстӕ дӕр сын уымӕ гӕсгӕ равзӕрста. Йе стыр хъаруйы фӕрцы уӕ ракодта Мысырӕй,
Тӕхуды, сӕ зӕрдӕты ӕцӕгдӕр тас куы уаид Мӕнӕй, ӕмӕ Мын кӕддӕриддӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕниккой, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр амондджын уой мыггагмӕ!
Уӕдӕ зонут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, иузӕрдион Хуыцау кӕй у, Йӕ сомы Чи нӕ сайы, чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл тъымы-тъымамӕ Чи ауды.
Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.
Мах уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг раздӕр бауарзта.
Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый мах ӕвдисӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй. Йӕ фӕдзӕхстытӕ та ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн сты.
Уарзын та афтӕ амоны, ӕмӕ мах хъуамӕ цӕрӕм Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ. Райдианӕй кӕй фехъуыстат, уыцы фӕдзӕхст ахӕм у: цӕрут уарзондзинадмӕ гӕсгӕ.