Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 20:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, цагъары ӕфсондзы бынӕй, Уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 20:2
50 Iomraidhean Croise  

Уый фенгӕйӕ, адӕм иууылдӕр ныддӕлгом сты зӕххыл ӕмӕ загътой: «Дунедарӕг — нӕ Хуыцау! Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!»


Табу кодтой, Дунедарӕг сын тобӕ кӕй тыххӕй загъта, уыцы гуымирытӕн.


Израилӕгтӕ сӕ Хуыцауы, Дунедарӕджы, раз тӕригъӕды цӕуын байдыдтой. Кӕддӕр сӕ Уый ракодта Мысыры зӕххӕй, суӕгъд сӕ кодта фараоны ӕфсондзы бынӕй. Фӕлӕ адон фӕзмын райдыдтой, кӕддӕр сын Дунедарӕг сӕ цурӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдоны ӕгъдӕуттӕ, стӕй Израилы паддзӕхты ӕнаккаг митӕ.


Ӕмӕ йӕ Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, сириӕгты паддзахы къухтӕм радта. Уыдон ӕй ныддӕрӕн кодтой, йӕ адӕмӕй йын бирӕты уацары райстой ӕмӕ сӕ акодтой Дамаскмӕ. Уый фӕстӕ Дунедарӕг Ахазы радта Израилы паддзахы къухмӕ, ӕмӕ йын уый уӕззау цӕфтӕ ныккодта.


Тӕригъӕдджынӕй райгуырдтӕн, тӕригъӕдджынӕй сӕвзӕрдтӕн мӕ мады гуыбыны.


фӕлӕ сымах дӕр иннӕ адӕмау амӕлдзыстут, зӕххон хицӕуттау бабын уыдзыстут».


Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый.


Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.


Уарзгӕйӕ хоныс Ды, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмы, кӕныс сӕ Дӕ хъомысджын къухӕй Дӕ уаз цӕрӕнмӕ.


Бахӕцӕд се ’ппӕтыл тас ӕмӕ ризӕг! Дӕ хъомысӕй цавддуртӕ фестӕнт, цалынмӕ, Дунедарӕг, Дӕ адӕм цӕуой, уӕдмӕ, Дӕхи кӕй бакодтай, уыцы адӕм!


Загъта сын: «Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы хъусат ӕмӕ, Йӕ разы раст цы у, уый куы кӕнат, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын уӕ зӕрдыл куы дарат ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд, мысырӕгтыл цы низтӕ бафтыдтон, уыдонӕй уӕ никӕцыйы амӕттаг бакӕндзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн — уӕ Хосгӕнӕг».


Мӕнӕ, Хуыцау кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ:


ӕмӕ уӕд сӕ зӕрдыл дардзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, сӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй сӕ чи ракодта, Уый. Ракодтон сӕ, цӕмӕй цӕрон се ’хсӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, сӕ Хуыцау.


Мӕ номӕй зӕгъ израилӕгтӕн: „Ӕз — Дунедарӕг, ракӕндзынӕн уӕ Мысыры ӕфсондзы бынӕй, суӕгъд уӕ кӕндзынӕн цагъары къӕлӕтӕй. Ме стыр хъомысы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уе ’фхӕрджыты та уын бафхӕрдзынӕн.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Израилы Стыр Хуыцау. Уӕ балхӕнынӕн радтон Мысыр, ноджы ма — Эфиопи ӕмӕ Сева.


Фӕлӕ ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: „Цардӕгас у Дунедарӕг! Уый ракодта Израилы фыртты Мысырӕй“.


Дунедарӕджы не ’рцагуырдтой ӕмӕ афтӕ нӕ загътой: «Уый нӕ ракодта Мысыры зӕххӕй; ӕдзӕрӕг быдыры, ӕнӕдон ӕмӕ саудалынг бӕстӕйы, лӕджы къах кӕм никуы ’рлӕууыд ӕмӕ цӕрӕг кӕм нӕ уыди, уым-иу нӕ размӕ кодта».


«Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй алкӕмӕн дӕр суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм».


Мӕнӕ ис, Израилы байзӕддӕгтимӕ уыцы заманы фӕстӕ цы Фидыд сараздзынӕн, уый, — зӕгъы Дунедарӕг: Ме ’Гъдау сын сӕ сӕрызонды бавӕрдзынӕн, сӕ зӕрдӕтыл сын ӕй ныффысдзынӕн. Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм.


«Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: уӕ фыдӕлты уын Мысырӕй куы ракодтон, уӕд семӕ сфидар кодтон фидыд. Загътон сын:


Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрут ӕмӕ Мын ӕнувыдӕй ӕххӕст кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ.


Фехъусын сын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Израилы адӕмы куы равзӕрстон, уыцы бон Мӕ къух уӕлӕмӕ систон ӕмӕ расомы кодтон Йаковы хӕдзарвӕндагӕн, Мӕхи сын раргом кодтон Мысыры зӕххыл. Мӕ къух хӕрдмӕ систон ӕмӕ сын загътон: ‚Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау!‘


Уыимӕ сын загътон: ‚Алчидӕр уӕ аппарӕд, кӕсынӕй кӕмӕ не ’фсӕдут, йӕ уыцы гуымирытӕ ӕмӕ уӕхи ма чъизи кӕнут Мысыры хуыцаугӕндтӕй. Ӕз дӕн Дунедарӕг, уӕ Хуыцау‘


Ӕз пехуымпартӕн хъусын кодтон Мӕ ныхас, бирӕ цӕстылуайӕнтӕ сын ӕвдыстон, пехуымпарты уылты ӕмбисӕндтӕ хастон.


Фӕлӕ Ӕз дӕн Дунедарӕг, Мысырӕй ардӕм — уӕ Хуыцау. Мӕн йеддӕмӕ уын ӕндӕр хуыцау ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг нӕй.


уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн ӕмӕ уӕ ракодтон Мысыры зӕххӕй, цӕмӕй уон уӕ Хуыцау. Уӕдӕ ут сыгъдӕг, Ӕз сыгъдӕг куыд дӕн, афтӕ».


Уӕ тӕраз, уӕ барӕн дуртӕ, уӕ барӕн ефӕ ӕмӕ уӕ барӕн гин раст барӕнт. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый.


цӕмӕй фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ уӕ байзӕддӕгтӕ зоной, Ӕз израилӕгты Мысыры зӕххӕй куы ракодтон, уӕд сӕ халагъудты кӕй ӕрцӕрын кодтон, уый. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау».


Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый, цӕмӕй уын раттон Ханааны зӕхх ӕмӕ уон уӕ Хуыцау.


Израилӕгтӕ сты мӕ лӕггадгӕнджытӕ, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты дӕр Ӕз ракодтон Мысыры зӕххӕй; цагъартау сӕ уӕйгӕнӕн нӕй.


уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ сты Мӕ лӕггадгӕнджытӕ, Мысыры зӕххӕй кӕй ракодтон, уыдон. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Уӕхицӕн гуымирытӕ ма аразут, хуыцаугӕндтӕ, табуйаг дурцӕджындзтӕ ӕмӕ нывӕфтыд дуртӕ ма ӕвӕрут, цӕмӕй сӕм куват, уый тыххӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый, — цӕмӕй мысырӕгтӕн цагъартӕ мауал уат. Ӕз уын уе ’фсондз ныссастон, цӕмӕй сӕргуыбырӕй ма цӕуат.


Сымах та Мысыры зӕххӕй рахуыдтон ӕмӕ уӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры фӕкодтон, цӕмӕй уын сӕ зӕхх исбонӕн радтон, уый тыххӕй.


Ам иудейаг ӕмӕ муртаттаг сӕ кӕрӕдзийӕ ницӕмӕй хицӕн кӕнынц — дыууӕтӕн дӕр иу Бардарӕг ис, ӕмӕ рӕдауӕй дӕтты, Йӕ ном Ын чидӕриддӕр ссара, уыдонӕн.


Ау, Хуыцау ӕрмӕст иудейӕгты Хуыцау у, муртаттӕгты Хуыцау та нӕу? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, муртаттӕгты Хуыцау дӕр у.


Дурты бын ӕй фӕкӕнут, куыд амӕла, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уӕ уый ардыдта Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уацарӕй уӕ Чи ракодта Мысырӕй, Уый ныууадзыныл.


Рох дӕ ма уӕд, ды дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уацарӕй кӕй фервӕзын кодта, уый. Абон дын уыдӕттӕ дӕр уымӕн фӕдзӕхсын.


Уе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ куы ацӕуат ӕмӕ уый бӕрц бӕхтӕ, тохуӕрдӕттӕ, уӕхицӕй бирӕ фылдӕр ӕфсад куы фенат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут! Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Мысырӕй уӕ Чи ракодта, Уый уемӕ ис!


Дӕ зӕрдыл дар, ды цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры, ӕмӕ дыл Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ арм кӕй дардта ӕмӕ дӕ Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы уырдыгӕй кӕй ракодта. Уый тыххӕй дын бафӕдзӕхста Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, сабат нымайын.


„Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уыцы Мысырӕй уӕ чи ракодта, Уый.


Уарзгӕ уӕ кӕй кӕны ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн цы сомы ракодта, уый тыххӕй уӕ суӕгъд кодта Дунедарӕг уацарӕй Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕмӕ уӕ уымӕн фервӕзын кодта Мысыры паддзахы бархъомысӕй.


Дунедарӕджы зӕд Гилгалы сахарӕй Бохиммӕ ӕрцыд ӕмӕ израилӕгтӕн фехъусын кодта: — Израилӕгтӕ! Ӕз уӕ ракодтон Мысыры зӕххӕй. Уӕ фыдӕлтӕн, сомы ракӕнгӕйӕ, зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уырдӕм уӕ ӕркодтон ӕмӕ загътон: «Ӕз, не ’хсӕн цы фидыд ис, уый никуы фехалдзынӕн,


Ӕз уын загътон: «Уӕ Хуыцау Ӕз дӕн, Дунедарӕг, ма лӕггад кӕнут, кӕй зӕххыл цӕрут, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн». Фӕлӕ Мӕм сымах нӕ байхъуыстат.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan