Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 20:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мӕнӕ, Хуыцау кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 20:1
11 Iomraidhean Croise  

Ды ӕрхызтӕ Синайы хохмӕ ӕмӕ семӕ ныхас кодтай уӕларвӕй. Радтай сын раст фӕдзӕхстытӕ, рӕстдзинады ӕгъдӕуттӕ, фарны уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ барфыстытӕ.


Моисей адӕммӕ ныццыд ӕмӕ сын Дунедарӕджы фӕдзӕхст рафӕзмыдта.


«Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, цагъары ӕфсондзы бынӕй, Уый.


Уыцы Моисей уыди ӕдзӕрӕг быдыры, Израилы адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уым. Уый уыди, Синайы хохыл йемӕ цы зӕд дзырдта, уыимӕ, стӕй нӕ фыдӕлтимӕ, ӕмӕ райста царддӕттӕг ныхӕстӕ, цӕмӕй сӕ махмӕ фӕхӕццӕ кӕна.


Ӕгъдау райстат зӕдты фӕрцы, ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кодтат».


Дунедарӕг та сыл ногӕй ныффыста, ӕмбырды бон уӕм хохы сӕр арты хуылфӕй цы Дӕс фӕдзӕхсты радзырдта, уыдон ӕмӕ мӕм сӕ радта.


Кӕд ма уыдис афтӕ, цӕмӕй адӕмтӕй исчи сымахау Хуыцауы хъӕлӕс арты хуылфӕй фехъуса ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззайа?


Уый уын уӕлӕрвтӕй фехъусын кодта Йӕ хъӕлӕс, цӕмӕй уӕ раст фӕндагыл араза. Уый уын зӕххыл фенын кодта Йе стыр арт, ӕмӕ Йын арты хуылфӕй фехъуыстат Йӕ ныхӕстӕ.


Уыцы ныхӕстӕ Дунедарӕг хохы сӕр арт, мигъ ӕмӕ саудалынджы хуылфӕй ӕрвнӕрӕгау уе ’ппӕтмӕ радзырдта. Ӕндӕр сӕм ницыуал бафтыдта. Дыууӕ къӕйдурыл фыстӕй мӕм сӕ радта.


Лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кодта Дунедарӕг уемӕ хохы сӕр, арты хуылфӕй.


„Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уыцы Мысырӕй уӕ чи ракодта, Уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan