7 Сабийы хо йӕ бафарста: «Дзуттаг дыджызӕмӕ фӕдзурон, цӕмӕй дын ӕй схӕсса?»
Уӕд пехуымпар Мариам, Аароны хо, йӕ къухмӕ ӕрбайста дала, ӕмӕ йемӕ сӕ далатимӕ кафгӕ рацыдысты ӕппӕт сылгоймӕгтӕ дӕр.
Сабийы хо дӕрддзӕфгомау лӕууыд ӕмӕ, дарддӕр цы уыдзӕн, уымӕ йӕ хъус дардта.
Байгом ӕй кодта, ӕмӕ дзы — саби. Сывӕллон куыдта, ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта. «Ай дзуттаг сывӕллон у», — загъта фараоны чызг.
«Фӕдзур», — загъта фараоны чызг. Чызг ацыд ӕмӕ сабийы мады ӕрбакодта.
Моисейӕн йӕ ус уыди эфиопаг, ӕмӕ йын Мариам ӕмӕ Аарон уый йӕ цӕстмӕ дардтой.
Амрамы усы ном — Йохевед, Левийы усӕн Мысыры чи райгуырд, уыцы чызг. Йохевед та Амрамӕн ныййардта Аарон, Моисей ӕмӕ сӕ хо Мариамы.