2 Ус банхъӕлцау ис ӕмӕ ныййардта лӕппу. Лӕппу рӕсугъд у, уый федта ӕмӕ йӕ ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕмбӕхстӕй фӕдардта.
Дунедарӕджы Кувӕндоны йӕ дыджызӕимӕ ӕмбӕхстӕй фӕци ӕхсӕз азы, цалынмӕ Атали паддзахиуӕг кодта, уӕдмӕ.
Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмбал кӕм ис? Йӕ паддзахы бадӕн бӕрзонд у,
Амрам ракуырдта йӕ фыды хо Йохеведы, ӕмӕ йын уый ныййардта Аарон ӕмӕ Моисейы. Амрам фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы.
Амрамы усы ном — Йохевед, Левийы усӕн Мысыры чи райгуырд, уыцы чызг. Йохевед та Амрамӕн ныййардта Аарон, Моисей ӕмӕ сӕ хо Мариамы.
Уыцы рӕстӕг райгуырди Моисей; уый уыди рӕсугъд ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиаг сывӕллон. Фыццаг ӕртӕ мӕйы йӕ хастой йӕ фыды хӕдзары.
зӕххы хуыздӕр хуынтӕ ӕмӕ йе ’ппӕт бӕркад. Сындзкъутӕры ӕргом Чи рацыд, Уый арфӕ ракӕнӕд Йосефӕн, ӕфсымӕрты хуыздӕрӕн!
Сӕ уырнындзинады фӕрцы йӕ ныййарджытӕ Моисейы, куы райгуырдис, уӕд ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕмбӕхсгӕ фӕкодтой. Уымӕн ӕмӕ, тынг рӕсугъд сывӕллон кӕй у, уый уыдтой ӕмӕ паддзахы бардзырдӕй дӕр нал фӕтарстысты.
Йессей йӕм арвыста, ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой. Сырхуадул лӕппу, рӕсугъд цӕстытӕ йын, бакастӕй — зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Байсӕрд ӕй! Уый у».