19 Уыдон ын загътой: «Цавӕрдӕр мысыраг нӕ сӕрыл рахӕцыди фыййӕутты раз, суанг ма нын дон дӕр систа ӕмӕ бадардта нӕ фыстӕн».
Йаков йӕ мады ’фсымӕр Лаваны чызджы куы ауыдта фыстимӕ, уӕд цъаймӕ бауад, къӕй иуварс ассыдта ӕмӕ Лаваны фосӕн дон бадардта.
Уыцы зӕххы цӕрджытӕ, ханаанӕгтӕ, Горен-Атады куыд дзынӕзтой, уый куы федтой, уӕд загътой: «Куыд тынг кӕуынц мысырӕгтӕ!» Уымӕ гӕсгӕ ацы бынат схуыдтой Авел-Мицраим, ис Иорданы фале.
Чызджытӕ сӕ фыд Реуелмӕ куы баздӕхтысты, уӕд сӕ уый бафарста: «Абон цӕй тагъд уыдыстут?»
«Ӕмӕ цы фӕци? — бафарста уый йӕ чызджыты. — Цӕуылнӕ йӕ ӕрбахуыдтат? Фӕдзурут ӕм, ӕмӕ немӕ къӕбӕр бахӕра».