15 Фараон хабар куы базыдта, уӕд марынвӕнд скодта Моисейы. Фӕлӕ Моисей алыгъд ӕмӕ Мидианы зӕххыл ӕрбынат кодта. Цъайы цур куыд бадт,
Уырдӕм куы бахӕццӕ ис, уӕд сахармӕ хӕстӕг, цъайы цур, баурӕдта йӕ теуатӕ. Уыд изӕрмӕ ӕввахс — дондзау чызджытӕ донмӕ куы рацӕуынц, тӕккӕ уыцы афон.
Уый Авраамӕн ныййардта Зимраны, Йокшаны, Меданы, Мидианы, Ишбакы ӕмӕ Шуахы.
Мидианы фырттӕ: Ефа, Ефер, Ханох, Авида, Елдага. Се ’ппӕт дӕр Авраам ӕмӕ Кетурайӕ рацыдысты.
Иу ран, быдыры, федта цъай, цъайӕн йӕ цуры ривӕд кодтой фысты ӕртӕ дзуджы. Дон-иу сын дардтой ам. Цъайы сӕрыл — стыр къӕй фӕлдӕхт,
Хадад йӕ фӕсдзӕуинтимӕ араст ис Мидианӕй, ӕмӕ бахӕццӕ сты Паранмӕ. Уырдыгӕй ма семӕ ракодтой иу къорд лӕджы ӕмӕ ацыдысты фараонмӕ, Мысыры паддзахмӕ. Фараон Хададӕн радта хӕдзар ӕмӕ зӕххы хай, фӕкасти йӕм хӕлцӕй дӕр.
иннӕйы ном та — Елиезер, уымӕн ӕмӕ Моисей загъта: «Мӕ фыдӕлты Хуыцау мӕм фӕзынди ӕххуысмӕ ӕмӕ мӕ бахызта фараоны кардӕй».
Моисей ма Мидианы уыд, афтӕмӕй йын Дунедарӕг загъта: «Аздӕх Мысырмӕ. Марынмӕ дӕ чи хъавыд, уыдонӕй иу дӕр удӕгас нал у».
Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та йӕ фӕндагыл ӕмраст ацӕуы ӕмӕ ӕфхӕрд баййафы.
Ӕрӕнкъард сты Кушаны цӕрджыты цатыртӕ, ныррызтызты мидианӕгты хӕдзӕрттӕ.
Иу сахары уӕ куы ӕфхӕрой, уӕд-иу лидзут иннӕмӕ. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Израилы сахартыл зылд нӕма фӕуыдзыстут, афтӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн.
Уым уыди Йаковы цъай. Йесо фӕндагыл бафӕллад ӕмӕ цъайы цур ӕрбадти. Уыдис ӕмбисбонмӕ ӕввахс.
Моисей уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд алыгъд ӕмӕ ӕрцард ӕцӕгӕлон мидианаг бӕстӕйы. Ам ын райгуырди дыууӕ фырты.
Паддзах дзы йӕ маст кӕй райсдзӕн, уымӕй нӕ фӕтӕрсгӕйӕ, Моисей йӕ уырнындзинады фӕрцы ныууагъта Мысыр. Цӕстӕй фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма цӕстӕй уыдта, афтӕ фидар лӕууыд.