Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 2:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Рӕстӕг цыд, ӕмӕ Моисей ралӕг ис. Иуахӕмы бацыд йе ’фсымӕртӕм, израилӕгтӕм, ӕмӕ сын федта сӕ удхайраг куыст. Федта, мысыраг ын йе ’фсымӕртӕй иуы, дзуттаджы, фыр надӕй куыд мары, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 2:11
13 Iomraidhean Croise  

Израилӕгты, сӕ тых сын чи сӕтта, ахӕм уӕззау куыстытыл бафтыдтой. Цӕстдарджытӕ сын сӕвӕрдтой ӕмӕ сын фараонӕн дыууӕ сахары саразын кодтой ӕфтауцуатӕн — Питом ӕмӕ Рамсес.


Дунедарӕг загъта: «Ӕз уынын Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры. Хъусын, ӕххуысмӕ куыд дзыназынц, уый, — цӕстдарджытӕ сӕ ’фхӕрынц ӕнӕвгъау. Ӕз зонын, мӕ адӕмӕн сӕ хъару кӕй басаст,


Фараоны цӕстдарджытӕ та, Израилы адӕмы сӕргъы кӕй сӕвӕрдтой, уыцы хъахъхъӕнджыты надтой, цы ’мбӕлы, уый цӕуылнӕ кӕнут, зӕгъгӕ, ӕмӕ дзырдтой: «Самандуртӕ ныронджы бӕрц куыд уа!»


Фӕлӕ сын Мысыры паддзах загъта: «Уӕ Моисей ӕмӕ Аарон! Адӕмы кусын цӕуылнӕ уадзут? Цӕугӕут уӕхӕдӕг дӕр кусынмӕ!»


Ноджы ма сын загъта: «Уынут, куыд бирӕ сты? Ӕмӕ сымах утӕппӕт адӕмӕн сӕ куыстытӕ уадзын кӕнут?»


Сӕ куыст уӕззаудӕр куы уа, уӕд сӕ дзӕгъӕл дзӕнгӕдамӕ нал ӕвдӕлдзӕн!»


Мӕ номӕй зӕгъ израилӕгтӕн: „Ӕз — Дунедарӕг, ракӕндзынӕн уӕ Мысыры ӕфсондзы бынӕй, суӕгъд уӕ кӕндзынӕн цагъары къӕлӕтӕй. Ме стыр хъомысы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уе ’фхӕрджыты та уын бафхӕрдзынӕн.


Скӕндзынӕн уӕ Мӕ адӕм ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзыстут, Мысыры ӕфсондзы бынӕй уӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау — кӕй ракодтон, уый.


Мӕнӕ уын, Ӕз цы комдарӕн равзӕрстон, уый: уацайрӕгтӕн сӕ хъадамантӕ ныссӕтт, се ’фсондз сын сис сӕ бӕрзӕйӕ, ӕфхӕрд адӕмӕн ратт сӕрибар ӕмӕ макӕйуал бассӕнд.


Ӕрцӕут Мӕм, йӕ уӕззау уаргъӕй чи сфӕлмӕцыд, уыдон, ӕмӕ уын Ӕз ратдзынӕн ӕнцой.


«Мӕныл ис Дунедарӕджы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ: уацайрӕгтӕ кӕй ссӕрибар уыдзысты, куырмытӕ кӕй ракӕсдзысты сӕ цӕстӕй, ӕфхӕрд адӕм сӕ хъизӕмарӕй кӕй фервӕздзысты ӕмӕ


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan