Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 2:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Куы байрӕзт, уӕд ӕй бакодта фараоны чызгмӕ, ӕмӕ дзы уый йӕхицӕн лӕппу загъта, ном та йыл сӕвӕрдта Моисей. «Донӕй йӕ кӕй систон, уымӕ гӕсгӕ», — загъта чызг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 2:10
11 Iomraidhean Croise  

Ноджыдӕр ма йын Дунедарӕджы зӕд загъта: «Гъеныр ды ӕнхъӕлцау дӕ, гъеныр лӕппу ныййардзынӕ. Сӕвӕр-иу ыл Измаел — Дунедарӕг фехъуыста, фехъуыста дӕ дзыназын.


Адам та ӕрӕмуат ис йӕ усимӕ. Уымӕн йӕ афон куы ’рцыд, уӕд ныййардта лӕппу. Сӕвӕрдта йыл ном Шет, уымӕн ӕмӕ, дам мын, Каин кӕй амардта, уыцы Авелы бӕсты Хуыцау ралӕвар кодта ӕндӕр байзӕддаджы.


Гъемӕ, Мысырмӕ дӕм цалынмӕ ӕрцыдтӕн, уӕдмӕ дын ам цы дыууӕ хъӕбулы райгуырди, уыдонӕй ныр мӕхицӕн зӕгъын фырттӕ. Ардыгӕй фӕстӕмӕ Ефрем ӕмӕ Менассиа, Рувим ӕмӕ Симеонау, уыдзысты мӕ цотыл нымад.


Дунедарӕг бӕрзондӕй ӕруагъта Йӕ къух ӕмӕ мӕ фелвӕста хуыдымӕй;


Фараоны чызг ын загъта: «Ацы сабийы мын схӕсс, ӕмӕ дын бафиддзынӕн». Сылгоймаг райста сабийы ӕмӕ йӕ хӕссын райдыдта.


Ныййардзӕни дын Фырт ӕмӕ Йӕ схондзынӕ Йесо, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕ адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн».


Ӕгъдауы дӕлбар чи у, уыдоны балхӕнынмӕ, цӕмӕй нӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ скӕна.


Моисей йӕ лӕджы кары куы бацыди, уӕд йӕ уырнындзинады фӕрцы не сразы ис фараоны чызджы лӕппуйыл нымад уӕвыныл


Кӕсут-ма, Фыд нын цы уарзт балӕвар кодта, уымӕ, цӕмӕй хӕссӕм Йӕ хъӕбулты ном. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, Йӕ хъӕбултӕ стӕм. Дуне Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, мах дӕр уый тыххӕй нӕ зоны.


ӕмӕ Аннӕ банхъӕлцау ис. Йӕ арыны афон куы ӕрцыд, уӕд ын райгуырди лӕппу, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Самуел, уымӕн ӕмӕ дам ӕй Дунедарӕгӕй ракуырдтон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan