Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 19:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ӕз дӕм ӕрцӕудзынӕн бӕзджын ӕврагъы мидӕг, цӕмӕй адӕм фехъусой, демӕ куыд дзурын, уый ӕмӕ дыл амӕй фӕстӕмӕ кӕддӕриддӕр ӕууӕндой». Моисей Дунедарӕгӕн адӕмы дзуапп куы рафӕзмыдта,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 19:9
25 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ Соломон скуывта: «О Дунедарӕг! Ды загътай, Ӕз цӕрын тар ӕврагъы мидӕг.


Сӕумӕцъӕхӕй Текоайы ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм сӕ фӕндаг адардтой. Куы рацӕйцыдысты, уӕд Иосафат сыстади ӕмӕ загъта: «Ӕрбайхъусут мӕм, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ! Ӕууӕндут Дунедарӕгыл, уӕ Хуыцауыл, ӕмӕ нӕ фӕцуддзыстут! Ӕууӕндут Ын Йӕ пехуымпартыл ӕмӕ ӕнтыстджын уыдзыстут!»


Соломон загъта: «Дунедарӕджы тары цӕрын бафӕндыд.


Дунедарӕг раргом кодта Йӕ ирвӕзындзинад, ӕппӕт адӕмтӕн раргом кодта Йӕ рӕстад.


уӕд бамбӕрстой, Дунедарӕг уыдоны Йе стыр хъомысы амӕттаг кӕй бакодта, ӕмӕ сӕ стыр тас бацыди Дунедарӕджы раз. Баууӕндыдысты Дунедарӕгыл ӕмӕ Йӕ цагъар Моисейыл.


Ӕртыккаг бон сӕумӕйӕ арв нӕрын, цӕхӕртӕ калын байдыдта, стӕй хохыл ӕрбадти бӕзджын ӕврагъ. Хъӕрӕй ныууасыд сыкъауадындз, ӕмӕ рӕсӕнуаты адӕм барызтысты.


Адӕм лӕууыдысты дӕрддзӕф ран, Моисей та баввахс ис, Хуыцау кӕм уыди, уыцы саудалынгмӕ.


Дунедарӕг ӕрцыди ӕврагъы мидӕг, уыцы ран Моисейы цу ӕрлӕууыди ӕмӕ фехъусын кодта Дунедарӕджы ном.


ӕмӕ баууӕндыдысты. Дунедарӕг сӕм кӕй ӕркаст ӕмӕ сын сӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй федта, уый куы фехъуыстой, уӕд зӕххыл ныддӕлгом сты ӕмӕ Йын скад кодтой.


Дунедарӕг загъта: «Уый уымӕн афтӕ у, цӕмӕй сӕ бауырна: Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау — дӕумӕ ӕргом рацыд».


Рагуац Мысыры тыххӕй. Дунедарӕг рог ӕврагъыл ӕртӕхдзӕни Мысырмӕ. Ӕмризӕджы нырриздзысты Йӕ цуры Мысыры мӕнгхуыцӕуттӕ, ӕмӕ Мысырӕн асӕтдзӕни йӕ ныфс.


Ефремонты сӕйраг сахар — Самари, Самарийы сӕргъы — Ремалийы фырт. Сӕ уырнындзинад фидар куы нӕ уа, уӕд сӕ быныхъӕр айхъуысдзӕн“».


ӕмӕ сӕм раргом ис Дунедарӕг мигъы цӕджындзы, Цатыры бахизӕны ныллӕууыд ӕмӕ басидт Йӕхимӕ Аарон ӕмӕ Мариаммӕ. Куы Йӕм бахӕстӕг сты, уӕд


Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ рухскалгӕ ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ уырдыгӕй райхъуысти: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».


Уалынмӕ фӕзындис ӕврагъ, ӕрӕмбӕрзта сӕ, ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти: «Ай Мӕ уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».


Сымахмӕ чи хъусы, уый Мӕнмӕ хъусы. Сымахыл йӕхи чи атигъ кӕны, уый Мӕныл атигъ кӕны. Мӕныл йӕхи чи атигъ кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕгыл».


Уыцы бон Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, лӕууыдыстут Хоревы рӕбын, ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: „Адӕмы Мӕм ӕрӕмбырд кӕн, ӕмӕ сын Ӕз Мӕ ныхас фехъусын кӕндзынӕн, цӕмӕй сӕм цӕргӕбонты зӕххыл Мӕнӕй тас уа ӕмӕ сӕ цоты дӕр ууыл ахуыр кӕной“.


Уый уын уӕлӕрвтӕй фехъусын кодта Йӕ хъӕлӕс, цӕмӕй уӕ раст фӕндагыл араза. Уый уын зӕххыл фенын кодта Йе стыр арт, ӕмӕ Йын арты хуылфӕй фехъуыстат Йӕ ныхӕстӕ.


Мӕнӕ Уый ӕврӕгътимӕ ӕрцӕуы, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныккӕудзысты зӕххон адӕмтӕ иууылдӕр. Афтӕ уыдзӕн ӕцӕг! Аммен.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan