Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 19:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Куы Мӕм хъусат ӕмӕ, Мемӕ цы фидыд сарӕзтат, уый куынӕ фехалат, уӕд ӕппӕт адӕмты ’хсӕн сымах уыдзыстут Мӕ зынаргъ исбон. Зӕхх иууылдӕр Мӕн у,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 19:5
54 Iomraidhean Croise  

Хуыцау ма Авраамӕн загъта: «Ды дӕр ӕххӕст кӕн, Мӕ фидыд цы домы, уый, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


Ды сӕ Дӕхицӕн исбон скӕныны охыл рахицӕн кодтай дунейы адӕмтӕй, Дӕ цагъар Моисейы дзыхӕй сын ныфс куыд бавӕрдтай, афтӕ, кӕддӕр нын Мысырӕй нӕ фыдӕлты куы ракодтай, уӕд, о Дунедарӕг Хуыцау!»


Ды израилӕгты ӕнустӕм Дӕхи адӕм скодтай ӕмӕ Ды, Дунедарӕг, сдӕ сӕ Хуыцау.


йӕ комӕй арт бырсы, зынджы стъӕлфӕнтӕ дзы хауы;


Мӕ размӕ чи ралӕууа, уымӕн Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн. Арвы бын цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр Мӕн сты.


Ӕвӕджиауы диссӕгтӕ ӕрмӕстдӕр Уый аразы — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


Давиды псалом. Дунедарӕг, Дӕуыл фӕдзӕхсын мӕхи.


Сӕ къухтӕ сты фыдракӕндтӕм ӕмхиц, сӕ рахиз къухтӕ — йемыдзаг гӕртӕмттӕй.


Загъта сын: «Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы хъусат ӕмӕ, Йӕ разы раст цы у, уый куы кӕнат, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын уӕ зӕрдыл куы дарат ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд, мысырӕгтыл цы низтӕ бафтыдтон, уыдонӕй уӕ никӕцыйы амӕттаг бакӕндзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн — уӕ Хосгӕнӕг».


Куы йӕм хъусат ӕмӕ, Ӕз цы зӕгъон, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд уыдзынӕн уӕ фыдгулты фыдгул ӕмӕ уе ’фхӕрджыты ӕфхӕрӕг.


Стӕй райста Фидыды уагӕвӕрдты чиныг ӕмӕ йӕ хъӕрӕй бакаст адӕмӕн. Адӕм загътой: «Дунедарӕгмӕ хъусдзыстӕм, ӕххӕст кӕндзыстӕм, цыдӕриддӕр нын бафӕдзӕхста, уый».


ӕмӕ загъта: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд немӕ рацу! Ацы адӕм хиваст сты, фӕлӕ нын ныббар нӕ азым, нӕ тӕригъӕдтӕ! Скӕн нӕ Дӕ исбон!»


Скӕндзынӕн уӕ Мӕ адӕм ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзыстут, Мысыры ӕфсондзы бынӕй уӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау — кӕй ракодтон, уый.


Мӕ адӕм кӕм цӕрынц, уыцы Гошены зӕхх та бахиздзынӕн фыдбылызӕй — уым нӕ уыдзӕнис дзынгатӕ, цӕмӕй ды зонай: Ӕз, Дунедарӕг, ацы зӕххыл дӕн.


Моисей йын загъта: «Куыддӕр сахары ӕдде фӕуон, афтӕ мӕ къухтӕ Дунедарӕгмӕ сдардзынӕн, ӕмӕ налдӕр арвы нӕрд уыдзӕн, налдӕр — ихуард. Уый, цӕмӕй ды зонай, зӕххӕн йӕ хицау Дунедарӕг кӕй у.


Мӕнӕн мӕ сӕндон у мӕхи бар! Мин ӕвзист шекелы дӕу фӕуӕд, Соломон, фӕйнӕ дыууӕсӕдӕ шекелы та — дӕ сӕндондартӕн!


Тӕхуды ӕмӕ мӕм куы байхъусиккат! Уӕд зӕххы фарнӕй бафсӕдиккат.


«Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Ӕз уӕ равзӕрстон лӕггад кӕнынмӕ, Мӕ хӕлар Авраамы фӕстагӕттӕ!


Фӕлӕ уын ныр, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, уе сфӕлдисӕг Дунедарӕг зӕгъы: «Ма тӕрсут, Ӕз уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн! Ӕз уӕм басидтӕн уӕ номӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн стут!


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг евнухты тыххӕй дӕр зӕгъы: «Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ Мын чи ӕххӕст кӕны, Мӕ уагӕвӕрдтӕ йӕ уды рӕбинаг кӕмӕн сты,


Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр уыдзӕн йӕ хъысмӕт. Ӕппӕтдӕр Чи сфӕлдыста, Уый — йӕ Хуыцау, израилӕгтӕ — Йӕ исбон ӕмӕ Йӕ адӕм, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Ацы рон адӕймаджы буармӕ куыд хӕстӕг у, афтӕ Ӕз Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгты ӕрбаввахс кодтон Мӕхимӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — цӕмӕй суой Мӕ адӕм, Мӕ цыт ӕмӕ Мӕ кад, фӕлӕ Мӕм нӕ байхъуыстой.


Ӕрмӕст сын бафӕдзӕхстон: „Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут, ӕмӕ Ӕз уыдзынӕн уӕ Хуыцау, сымах та — Мӕ адӕм. Цы уын фӕдзӕхсон, уыдӕттӕ кӕнут ӕмӕ ӕнӕмастӕй цӕрдзыстут“.


Ӕз дӕ цурты рацӕйцыдтӕн ӕмӕ федтон, дӕ афон кӕй ӕрцыди, дӕ уарзты афон, уый. Уӕд Ӕз дӕ сӕрмӕ Мӕ уӕлӕфтау айтыгътон, дӕ бӕгънӕг буар дын ӕрӕмбӕрзтон, расомы дын кодтон ӕмӕ демӕ сарӕзтон фидыд, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ Мӕн сдӕ.


Сымахӕн та загътон: „Сӕ зӕхх сын уӕхи бакӕндзыстут. Ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъарынц, уыцы зӕхх уын исбонӕн ратдзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, иннӕ адӕмтӕй уӕ Чи фӕхицӕн кодта, Уый.


ӕгас зӕххыл цы адӕмтӕ ис, уыдоны ’хсӕн сымах равзӕрстон. Уымӕ гӕсгӕ уын уӕ тӕригъӕдтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн.


Додойаг сты, Сионы хохыл, Самарийы къуыбырыл ӕнӕмӕтӕй чи цӕры, адӕмты ’хсӕн фыццаг бынат чи ахсы, уыцы адӕмы барджынтӕ, ӕгас Израил ныфсджын кӕмӕй сты, уыдон!


Ӕмӕ уыдон суыдзысты Мӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Ӕз сӕ уыцы бон скӕндзынӕн мӕ зынаргъ исбон ӕмӕ сын батӕригъӕд кӕндзынӕн, фыд, чи йын лӕггад кӕны, йӕ уыцы фыртӕн куыд батӕригъӕд кӕны, афтӕ.


Уымӕн ӕмӕ, «зӕхх, стӕй йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон Дунедарӕджы исбон сты».


Фӕлӕ уын исчи куы зӕгъа: «Уый мӕнгхуыцауӕн хаст нывонд у», уӕд зӕгъӕгӕй ма фефсӕрмы кӕнут ӕмӕ дзы ма бахӕрут.


Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, сты арв дӕр ӕмӕ уӕларв дӕр, зӕхх дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уыдон дӕр,


Куыд уын дзурын, афтӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕм куы хъусат, уӕд — арфӕ.


Уымӕн ӕмӕ сымах стут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уаз адӕм, зӕххы цъарыл ӕппӕт адӕмты ’хсӕн Йӕхицӕн ӕрмӕст сымах равзӕрста.


Хӕдмӕл дзидза ма хӕрут. Уӕ сахары чи ӕрцард, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕн-иу ӕй раттут, уыдон ӕй хӕрӕнт, науӕд-иу ӕй ауӕй кӕнут ӕцӕгӕлӕттӕн, уымӕн ӕмӕ сымах уаз адӕм стут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн. Ма фыц сӕныччы мард йӕ мады ӕхсыры.


Дунедарӕг та загъта сымахӕн, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ Йе ’взӕрст адӕм кӕй уыдзыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнат.


Цӕмӕй уӕ, кӕй сӕвзӕрын кодта, ӕппӕт уыцы адӕмтӕй уӕлдӕр сӕвӕра, кад, намыс ӕмӕ уӕ ӕппӕт хӕрзты аккаг скӕна, ӕмӕ, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уаз адӕм уат».


Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, коммӕ куы кӕсай ӕмӕ уын кӕй дзурын, Йӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ бӕстон куы ӕххӕст кӕнай, уӕд уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт адӕмтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн.


Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын куы ӕххӕст кӕнат ӕмӕ Йӕ фӕндӕгтыл куы цӕуат, уӕд уӕ Дунедарӕг, куыд уын расомы кодта, афтӕ Йӕ уаз адӕм скӕндзӕн.


Сымах та Дунедарӕг уыцы ӕфсӕн тохынайӕ, Мысырӕй, уымӕн ракодта, цӕмӕй, мӕнӕ абон куыд у, афтӕ суыдаиккат Йӕ адӕм.


Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фидыд сарӕзта немӕ Хоревы.


Уымӕн ӕмӕ сымах сыгъдӕг адӕм стут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн; сымах равзӕрста Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕххы цъары ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, цӕмӕй Йӕ адӕм уат.


Дӕ адӕм куы сты, Дӕ исбон, Дӕ арм кӕуыл дардтай ӕмӕ Де стыр хъомысы руаджы кӕй фервӕзын кодтай, уыдон“.


Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.


Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Авраам байхъуыста Хуыцаумӕ, кӕй хъуамӕ райстаид, уыцы бӕстӕм ацӕуыны тыххӕй. Ӕмӕ ацыди, кӕд, кӕдӕм цӕуы, уый бӕлвырд нӕ зыдта, уӕддӕр.


сӕ фыдӕлты сын, сӕ къухтыл хӕцгӕйӕ, Мысырӕй куы ракодтон, уӕд семӕ кӕй сарӕзтон, ахӕм фидыд нӕ. Уымӕн ӕмӕ уыдон Мӕ уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ нӕ цардысты, ӕмӕ сӕ Ӕз ныууагътон, — зӕгъы Хуыцау. —


Адӕм Йешуайӕн загътой: «Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, кӕндзыстӕм лӕггад ӕмӕ Йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм».


Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.


Самуел ын загъта: «Ау, Дунедарӕгӕн иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ Йӕ дзырдмӕ Йын хъусынӕй ӕхцондӕр фесты? Нӕ! — уисӕн кӕнын хуыздӕр у нывондӕй, коммӕ кӕсын та — тохъхъылты фиуӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan