4 „Сымах федтат, Ӕз мысырӕгтӕн цытӕ бакодтон, уый. Федтат, цӕргӕсы базыртыл хӕссӕгау уӕ кӕй рахастон ӕмӕ уӕ Мӕхимӕ кӕй ӕрбакодтон.
Фӕлӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн ӕфтдзӕни сӕ хъаруйыл ӕмӕ цӕргӕсау айтынг кӕндзысты сӕ базыртӕ. Згъордзысты ӕмӕ фӕллад нӕ зондзысты, уайдзысты ӕмӕ нӕ бастайдзысты.
Нӕ хъынцъымы нӕ никуы ныууагъта, Йӕ зӕды-иу нӕм рарвыста ӕххуысмӕ. О, фыдау ныл ауды незамантӕй нырмӕ. Уарзы нӕ ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕны бӕллӕхӕй.
«Израил ма саби уыди, афтӕ йӕ бауарзтон Ӕз, Мысырӕй рахуыдтон Мӕ фырты.
Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕд уемӕ кӕй сарӕзтон, уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ. Мӕ Уд уе ’хсӕн ис. Ма тӕрсут!“
Иу Фыд нӕй не ’ппӕтӕн дӕр? Иу Хуыцау нӕ не сфӕлдыста? Уӕдӕ кӕрӕдзиуыл сайдӕй цӕмӕн цӕуӕм, цӕмӕн халӕм нӕ фыдӕлты фидыд?
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕуы уӕ разӕй ӕмӕ хӕцдзӕн уӕ фарс, Мысыры, уӕ тӕккӕ цӕсты раз, куыд хӕцыд, афтӕ.
Ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры, уӕхӕдӕг ӕй уыдтат, адӕймаг йӕ хъӕбулы куыд хӕсса, афтӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фӕхаста сымах, цалынмӕ ардӕм не ’рбахӕццӕ стут, уӕдмӕ.
Адон сты, Дунедарӕг Моисейӕн израилӕгтимӕ Моавы цы фидыд саразын бафӕдзӕхста, уый домӕнтӕ, — Дунедарӕг Хоревы рӕбын семӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыдӕн уӕлӕмхасӕн.
Моисей фӕдзырдта ӕппӕт израилӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Уӕхи цӕстӕй федтат Мысыры, Дунедарӕг фараонӕн, йӕ дӕлдӕртӕн ӕмӕ йӕ бӕстӕйӕн цытӕ бакодта, уый.
Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.
Сымах иууылдӕр федтат, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, амы адӕмтӕн уӕ цӕстыты раз цытӕ бакодта, уый, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг хӕцыди уӕ сӕрыл.
Уӕд сылгоймагӕн лӕвӕрд ӕрцыд стыр цӕргӕсы дыууӕ базыры, ӕдзӕрӕг быдыры йын цы бынат уыди, уырдӕм калмӕй бамбӕхсыны тыххӕй атӕхынӕн, цӕмӕй йын уым лӕггад кӕной рӕстӕджы, рӕстӕджыты ӕмӕ рӕстӕджы ӕмбисы дӕргъы.