Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 19:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Моисей ссыди хохы сӕрмӕ, ӕмӕ йын Дунедарӕг загъта: «Йаковы хӕдзарвӕндагӕн, израилӕгтӕн, афтӕ зӕгъ:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 19:3
12 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Йӕхи ӕруагъта Синайы хохы сӕрыл ӕмӕ уырдӕм фӕсидти Моисеймӕ. Моисей хохы сӕрмӕ ссыди.


Адӕм лӕууыдысты дӕрддзӕф ран, Моисей та баввахс ис, Хуыцау кӕм уыди, уыцы саудалынгмӕ.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Ӕз дӕм ратдзынӕн, ацы адӕмӕн Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ цы къӕйдуртыл ныффыстон, уыдон. Адӕмӕн-иу бацамон, цы сӕ домын, уый».


Ӕмӕ Моисей йе ’ххуысгӕнӕг Йешуаимӕ ссыди хохы сӕрмӕ.


Хуыцау ын дзуапп радта: «Ӕз демӕ уыдзынӕн. Мӕнӕ, Ӕз дӕ кӕй арвыстон, уый нысан: Мӕ адӕмы Мын Мысырӕй куы ракӕнай, уӕд ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ Хуыцаумӕ мӕнӕ ацы хохы сӕр скувдзыстут».


Дунедарӕг федта, Моисей хӕстӕгдӕр бацыд, уый ӕмӕ йӕм къутӕрӕй радзырдта: «Моисей! Моисей!» Уый дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн!»


Дӕхи райсоммӕ цӕттӕ дар. Сӕумӕрайсом Синайы хохы сӕрмӕ ссу ӕмӕ уым Мӕ разы ӕрлӕуу.


Моисей ӕрцамадта дыууӕ къӕйдуры, фыццӕгты халдихтӕ, ӕмӕ дыккаг бон сӕумӕйӕ, къӕйдуртӕ йӕ къухты, афтӕмӕй Синайы хохы сӕрмӕ ссыди, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Дунедарӕг фӕсидти Моисеймӕ Фембӕлды Цатырӕй ӕмӕ йын загъта:


Уыцы Моисей уыди ӕдзӕрӕг быдыры, Израилы адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уым. Уый уыди, Синайы хохыл йемӕ цы зӕд дзырдта, уыимӕ, стӕй нӕ фыдӕлтимӕ, ӕмӕ райста царддӕттӕг ныхӕстӕ, цӕмӕй сӕ махмӕ фӕхӕццӕ кӕна.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan