Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 19:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Къухӕй-иу ӕм мачи бавналӕд, фӕлӕ йӕ дурты бын фӕкӕнут, науӕд та йӕ фатӕй фехсут. Фос уа ӕви адӕймаг — удӕгасӕй йын ныууадзӕн нӕй, сыкъауадындзы уасынмӕ хохмӕ ссӕуыныл куы архайа, уӕд».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 19:13
11 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон нӕ уыди, цы сын фӕдзӕхстӕуыд, уымӕ хъусын: «Хохыл суанг сырд куы бандзӕва, уӕд уый дӕр дуртӕй мард ӕрцӕуӕд».


Сыкъауадындзы уасын хъӕрдӕрӕй-хъӕрдӕр кодта. Моисей дзырдта, ӕмӕ йын Хуыцау арвы нӕрынӕй дзуапп лӕвӕрдта.


Ӕртыккаг бон сӕумӕйӕ арв нӕрын, цӕхӕртӕ калын байдыдта, стӕй хохыл ӕрбадти бӕзджын ӕврагъ. Хъӕрӕй ныууасыд сыкъауадындз, ӕмӕ рӕсӕнуаты адӕм барызтысты.


Уымӕн ӕмӕ уӕларвон бардзырд ӕмӕ архангелы хъӕлӕс куыддӕр райхъуысой, Хуыцауы сыкъауадындз куыддӕр ныууаса, афтӕ Бардарӕг Йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй, ӕмӕ райгас уыдзысты, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон.


Уайтӕккӕ, цӕсты фӕныкъуылдмӕ, куыддӕр фӕстаг сыкъауадындз ныууаса, афтӕ. Сыкъауадындзы уастмӕ мӕрдтӕ райгас уыдзысты, мӕлӕт сын нал уыдзӕн, мах та фендӕрхуызон уыдзыстӕм.


Моисей хохӕй адӕммӕ ӕрхызт ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кодта. Адӕм ныхсадтой сӕ дарӕстӕ дӕр,


Моисей сӕ рӕсӕнуатӕй Хуыцауы размӕ акодта, ӕмӕ хохрӕбын ӕрлӕууыдысты.


Демӕ мачи ссӕуӕд, иу адӕймаг дӕр ма фӕзынӕд хохыл. Хохрӕбын-иу суанг уӕ лыстӕг фос ӕмӕ стуртӕ дӕр ма хизӕнт».


Рӕсӕнуаты цы хӕстонтӕ бабадт, уыдон Гевӕмӕ бабырстой ӕмӕ дзы цъиуызмӕлӕг нал ныууагътой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan