12 Хохы алыварс ӕрхахх кӕн ӕмӕ адӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй хохмӕ ма ссӕуой ӕмӕ хохыл бандзӕвынӕй дӕр сӕхи бахизой. Хохыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый амарын хъӕуы.
Моисейӕн загъта: «Цӕугӕ ардыгӕй ӕмӕ ме ’мгӕрон дӕр мауал фӕзын! Куыддӕр ма дӕ фенон — амӕлдзынӕ».
Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Цу ӕмӕ ма иу хатт бафӕдзӕхс адӕмӕн, цӕмӕй ма ’рбахизой арӕнӕй ӕмӕ Дунедарӕджы ма феной, науӕд бирӕтӕ ссардзысты сӕ мӕлӕт.
Моисей Дунедарӕгӕн загъта: «Адӕм не ссӕудзысты Синайы хохмӕ, уымӕн ӕмӕ мын Дӕхӕдӕг бафӕдзӕхстай, цӕмӕй йын йӕ алыварс скӕнон арӕнхахх ӕмӕ хох банымайон уазыл».
Дӕу йеддӕмӕ Мӕм уыдонӕй ӕввахс мачи ӕрбацӕуӕд. Иннӕ адӕмӕн демӕ хохмӕ ссӕуӕн нӕй».
Цы зӕхмӕ бацӕуат, уыцы зӕххы цӕрджытимӕ ӕмдзӕхдон ма кӕнут, науӕд къӕппӕджы бахаудзыстут.
Демӕ мачи ссӕуӕд, иу адӕймаг дӕр ма фӕзынӕд хохыл. Хохрӕбын-иу суанг уӕ лыстӕг фос ӕмӕ стуртӕ дӕр ма хизӕнт».
Адӕмӕн бамбарын кӕн: Сеиры чи цӕры, уӕ уыцы ӕфсымӕрты, Исавы байзӕддаджы арӕнтыл уын цӕугӕ у. Уыдон уӕ тӕрсгӕ кӕнынц, фӕлӕ уӕхи хизут
Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.
Бавналӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ пиллон артӕй чи судзы, ахӕм хохмӕ, талынг, саудалынг ӕмӕ уадмӕ не ’рцыдыстут сымах;
Афтӕмӕй, кӕуылты уын цӕугӕ у, уый базондзыстут, уымӕн ӕмӕ ныронг ацы фӕндагыл никуыма цыдыстут. Уӕвгӕ, сымах Чырынӕй хъуамӕ уат дыууӕ мин ӕлмӕрины дарддӕр — ӕгӕр ӕм ма баввахс ут».