6 ӕмӕ йӕм фӕхабар кӕнын кодта: «Ӕрбацыди дӕм дӕ каис Ифро дӕ ус ӕмӕ дӕ фырттимӕ».
Ифро сӕ бакодта Моисеймӕ, Хуыцауы хохы рӕбынмӕ, Моисей йӕ рӕсӕнуат кӕм ӕркодта, уырдӕм
Моисей йӕ каисы размӕ рауади, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта ӕмӕ йын аба кодта. Кӕрӕдзийӕн салам куы радтой, уӕд цатырмӕ бацыдысты.
Моисей йӕ ус ӕмӕ йӕ фыртты хӕрӕгыл сӕвӕрдта, Хуыцауы лӕдзӕг йемӕ райста ӕмӕ араст ис Мысырмӕ.