5 Ифро сӕ бакодта Моисеймӕ, Хуыцауы хохы рӕбынмӕ, Моисей йӕ рӕсӕнуат кӕм ӕркодта, уырдӕм
Илийа сыстади, бахордта ӕмӕ бануӕзта. Уыцы хӕрд-нозт ын уыйас ахъаз фӕцис, ӕмӕ фӕцыди дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы, цалынмӕ Хуыцауы хохмӕ, Хоревмӕ, бахӕццӕ ис, уӕдмӕ.
ӕмӕ йӕм фӕхабар кӕнын кодта: «Ӕрбацыди дӕм дӕ каис Ифро дӕ ус ӕмӕ дӕ фырттимӕ».
цӕмӕй цӕттӕ уой иннӕбонмӕ, уымӕн ӕмӕ иннӕбон Дунедарӕг ӕппӕт адӕмы раз ӕрхиздзӕни Синайы хохмӕ.
Уырдӕм ӕрбацыдысты Рефидимӕй ӕмӕ дзы ӕрӕнцадысты — сӕ рӕсӕнуат Синайы хохрӕбын скодтой.
Дунедарӕг Йӕхи ӕруагъта Синайы хохы сӕрыл ӕмӕ уырдӕм фӕсидти Моисеймӕ. Моисей хохы сӕрмӕ ссыди.
Ӕмӕ Моисей йе ’ххуысгӕнӕг Йешуаимӕ ссыди хохы сӕрмӕ.
Моисей хызта йӕ каис Ифройы, мидианаг сауджыны, лыстӕг фос. Иуахӕмы дзуджы фӕстӕ дзӕвгар бауад ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ бафтыди Хуыцауы хох Хоревы рӕбынмӕ.
Хуыцау ын дзуапп радта: «Ӕз демӕ уыдзынӕн. Мӕнӕ, Ӕз дӕ кӕй арвыстон, уый нысан: Мӕ адӕмы Мын Мысырӕй куы ракӕнай, уӕд ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ Хуыцаумӕ мӕнӕ ацы хохы сӕр скувдзыстут».
Дунедарӕг Ааронӕн загъта: «Ӕдзӕрӕг быдырмӕ Моисейы размӕ ацу». Уый фӕраст ис, фембӕлд ыл Хуыцауы хохы рӕбын ӕмӕ йын аба кодта.