Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 18:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Исты хъуыддаг равзаринаг сӕм куы вӕййы, уӕд мӕм ӕрбацӕуынц, ӕмӕ сын ӕз равзарын сӕ быцӕутӕ, бацамонын сын Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ’гъдӕуттӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 18:16
20 Iomraidhean Croise  

уӕд-иу ын Авессалом загъта: «Дӕ хъуыддаг раст бӕргӕ у, фӕлӕ паддзахмӕ, чи дӕм байхъуса, ахӕм лӕг нӕй».


Уе ’фсымӕртӕй, иннӕ сахарты чи цӕры, уыдонӕй уӕм исчи йӕ хъаст куы ’рбахӕсса, уӕд-иу сӕ рагацау бахизут тӕригъӕдӕй — сӕ хъаст тугныккалд кӕнӕ Ӕгъдауы фӕрстытимӕ баст уа, йӕ фӕдзӕхстытӕ, йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕви йӕ амындтытимӕ, — цӕмӕй уын уӕхи дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕрты дӕр Дунедарӕг Йӕ азары хай ма бакӕна. Афтӕ куы кӕнат, уӕд тӕригъӕды нӕ бацӕудзыстут.


Кӕд ӕз, сылгоймагӕй уа, нӕлгоймагӕй, мӕ хӕдзары кусджыты бартӕ ницӕмӕ дардтон ӕмӕ сын сӕ хъаст не ’взӕрстон,


Йӕ каис ын загъта: «Раст нӕ кӕныс.


Дыккаг бон дӕр та сӕм бацыд, ӕмӕ дын мӕнӕ дыууӕ дзуттаджы хыл кӕнынц. Моисей ӕфхӕрӕджы фӕрсы: «Де ’мбалы цӕмӕн нӕмыс?»


Дӕхи хиз галиу тӕрхон рахӕссынӕй, ӕназым ӕмӕ рӕстаджы ма амарын кӕн — ахӕм фыдгӕнӕг Мӕ азарӕй нӕ аирвӕздзӕн.


Уый размӕ Израилы хистӕртӕн та загъта: «Ам лӕуут, цалынмӕ мах фӕстӕмӕ здӕхӕм, уӕдмӕ. Мӕнӕ Аарон ӕмӕ Хур уыдзысты уемӕ, ӕмӕ уӕ исты хъуыддаг кӕмӕ уа, уый-иу ӕй уыдонӕн зӕгъӕд».


Израилӕгтӕн зӕгъ: „Йӕ Хуыцауы чидӕриддӕр ралгъита, уый йӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕфхӕрд баййафдзӕн.


Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ацы адӕймаг маринаг у. Дзыллӕ йӕ дурты бын фӕкӕнӕнт рӕсӕнуаты ӕдде».


Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».


Уӕ иу иннӕуыл куы бахъаст кӕны, уӕд уӕндгӕ та куыд бакӕны йӕ хъаст тӕригъӕдджынтӕм бахӕссынмӕ, сыгъдӕджыты бӕсты йын уыдон куыд тӕрхон кӕной, афтӕ?


Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ гӕсгӕ амонын ӕз сымахӕн фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнат, цы бӕстӕм цӕут ӕмӕ уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.


Моисей фӕдзырдта ӕппӕт Израилы адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут, израилӕгтӕ, абон уын ӕз цы фӕтк ӕмӕ цы уагӕвӕрдты тыххӕй дзурын, уыдонмӕ. Сахуыр сӕ кӕнут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут.


Уый уын уыцы фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, афтӕ кӕмӕй загъта, бацамон сын сӕ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной, сӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕуынц, уым.


Мӕн дӕр Дунедарӕг бахизӕд, сымах тыххӕй куынӕуал кувон, уыцы тӕригъӕдӕй! Ӕдзух уын кувдзынӕн ӕмӕ уӕ араздзынӕн хорз ӕмӕ раст фӕндагыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan