Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 18:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг! Аирвӕзын уӕ кодта мысырӕгтӕ ӕмӕ фараоны къухӕй. Ацы адӕмы суӕгъд кодта мысырӕгты ӕфсондзӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 18:10
16 Iomraidhean Croise  

Арфӕгонд уӕд Иууылбӕрзонд Хуыцау, де знӕгты дын дӕ къухтӕм Чи радта!» Ӕмӕ Аврам Мелхиседекӕн бахуын кодта йе ’ппӕт ӕфтиӕгты дӕсӕймаг хай.


ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау, ме ’лдарыл мын Йӕ зӕрдӕ Чи нӕ сивта, Йӕ хорзӕхӕй йӕ ӕнӕхай Чи нӕ фӕкодта! Дунедарӕг мӕ комкоммӕ ме ’лдары хионӕн йӕ цӕрӕнуатмӕ ӕрбахӕццӕ кодта».


Ахимаац нӕма ӕрбахӕццӕ ис, афтӕмӕй ныхъхъӕр кодта паддзахмӕ: «Фарны хабӕрттӕ!» Стӕй паддзахы раз зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, мӕ бардарӕгмӕ, паддзахмӕ, йӕ къух чи систа, уыцы адӕмы йын йӕхи къухмӕ Чи радта, Уый!»


Стӕй загъта: — Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Абон Уый Йе стыр хъомысы фӕрцы сӕххӕст кодта, кӕддӕр мӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Афтӕ йын загъта:


«Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг! Йӕ адӕмӕн, Израилӕн, зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ сын радта ӕдас цард. Йӕ цагъар Моисейы дзыхӕй фӕрнджын ныхасӕй цыдӕриддӕр загъта, уыдонӕй иу дӕр ӕнӕ сӕххӕстгӕнгӕ нӕ ныууагъта.


«Арфӕгонд уӕд Израилы Бардарӕг Хуыцау — ӕркасти Йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ ссӕрибар кодта.


Арфӕгонд уӕд Хуыцау, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыд, Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы махӕн монон лӕвӕрттӕ ӕххӕстӕй уӕлӕрвты Чи саккаг кодта!


Сымах тыххӕй, стӕй нын нӕ Хуыцауы раз цы стыр цин ӕрхастат, уый тыххӕй Хуыцауӕн аккаг арфӕ кӕм ссарӕм?


Арфӕгонд у нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд. Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уымӕй нын Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ радта ног цард ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ зӕрдӕдарӕн —


Кенӕгтӕн афтӕ бафӕдзӕхста: «Амалекӕгты ’хсӕнӕй рацӕут, нӕ мӕ фӕнды уыдонимӕ сымах дӕр бабын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн, Мысырӕй куы цыдысты, уӕд хӕрзгӕнӕг разындыстут». Ӕмӕ кенӕгтӕ амалекӕгты ’хсӕнӕй рацыдысты.


Давид Авигеайӕн загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, ӕгайтма дӕ абон мӕ размӕ рарвыста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan