Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 17:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Фӕлӕ адӕм дойныйӕ стыхстысты ӕмӕ хъуыр-хъуыр кодтой Моисейыл: «Цӕмӕн нӕ ракодтай Мысырӕй? Нӕхи дӕр, нӕ сабиты дӕр ӕмӕ нын нӕ фос дӕр дойныйӕ амарынмӕ?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 17:3
9 Iomraidhean Croise  

Стонг заман сын Ды уӕларвӕй лӕвӕрдтай хойраг, дойныйӕ куы мардысты, уӕд сын къӕдзӕхӕй рауагътай дон. Ды сын загътай, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ сӕхи бакӕной, Дӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, йӕ раттыныл ард кӕй тыххӕй бахордтай, уыцы зӕхх.


Ды сын балӕвар кодтай Дӕ хорзӕхджын Уд, зонд сын куыд амона, афтӕ. Дӕ маннӕ дӕр сын нӕ байстай ӕмӕ-иу сын сӕ дойны басӕттынӕн дон раттай.


Арвӕй уӕлдӕр у Дӕ хорзӕх, ӕврӕгъты онг — Дӕ иузӕрдиондзинад!


Ӕндӕрбӕстӕгтӕй дӕр семӕ бирӕ уыд. Семӕ уыди тынг бирӕ фос — фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ, стуртӕ.


Моисейӕн бустӕ кодтой: «Мысыры нын баныгӕнӕн нӕ уыд, ӕдзӕрӕг быдырмӕ нӕ мӕлынмӕ куынӕ ракодтаис, уӕд? Цы нын бакуыстай, цӕмӕн нӕ ракодтай Мысырӕй?


Адӕм хъуыр-хъуыр кодтой Моисейыл: «Цы бануазӕм?»


Мысыры ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы кад ӕмӕ цы диссӕгтӕ равдыстон, уыдон чи федта ӕмӕ Мӕ афтӕмӕй чи ницӕмӕ дардта, ныридӕгӕн Мӕ дӕс хатты чи бафӕлвӕрдта,


Цӕмӕн ӕрбакодтат ды ӕмӕ Аарон Дунедарӕджы дзыллӕйы ацы ӕдзӕрӕг быдырмӕ? Цӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фос дӕр ам амӕлӕм?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan