2 ӕмӕ уайдзӕфты бын фӕкодтой Моисейы, домдтой дзы: «Ӕри нын дон! Дойны нын у». Моисей сын афтӕ: «Цы мын уайдзӕфтӕ кӕнут? Цӕмӕн фӕлварут Дунедарӕджы?»
Фӕлӕ сӕ тыхсты заман Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой, ӕмӕ сӕ Уый фыдбылызӕй фервӕзын кодта.
Саудалынгӕй, мӕрдон тарӕй сӕ рухсмӕ ракодта, сӕ хъадамантӕ сын ныссаста.
Дунедарӕгӕн Йӕ номы аккаг кад скӕнут, бацӕут Йӕ кӕртытӕм хуынтимӕ.
Бакувут Дунедарӕгӕн Йӕ сыгъдӕг кады рухсы! Ӕгас зӕхх Дунедарӕджы раз ӕмризӕджы нырризӕд!
Адӕм хъуыр-хъуыр кодтой Моисейыл: «Цы бануазӕм?»
Ноджы ма Моисей загъта: «Дунедарӕг уын уӕ фаг ратдзӕн: изӕры — дзидза, райсомӕй та — дзул. Уымӕн ӕмӕ уын фехъуыста уӕ хъуыр-хъуыр. Сымах Дунедарӕгыл бустӕ кодтат, махыл нӕ, фӕлӕ. Мах чи стӕм?!»
Уыцы бынат та схуындӕуыди Масса ӕмӕ Мерива, уымӕн ӕмӕ уыцы ран израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн уайдзӕфтӕ кодтой ӕмӕ Йӕ фӕлвӕрдтой, Дунедарӕг немӕ ис ӕви нӕ, зӕгъгӕ, кӕй дзырдтой, уымӕй.
ӕмӕ сын загътой: «Дунедарӕг уӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд, фараон ӕмӕ нӕ йӕ дӕлдӕртӕн кӕй сӕнӕуынон кодтат, уый тыххӕй! Кард сын радтат сӕ къухмӕ, цӕмӕй нӕ амарой».
Ахаз загъта: «Нӕ ракурдзынӕн, Дунедарӕджы фӕлварын мӕ нӕ фӕнды».
Ӕмӕ ныр, сӕрбӕрзондӕй чи цӕуы, уыдоны мах амондджын хонӕм, фыдгӕнджытӕ махӕй хуыздӕр цӕрынц. Ӕмӕ, кӕд Дунедарӕджы ракъахынц, уӕддӕр сӕм фыдбылыз ӕввахс нӕ цӕуы».
Израилӕгтӕ бустӕ кодтой Моисей ӕмӕ Аароныл. Ӕппӕт дзыллӕ сын дзырдта: «Фӕлтау Мысыры куы амардаиккам! Фӕлтау ацы ӕдзӕрӕг быдыры куы ӕрбамӕликкам!
Мысыры ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы кад ӕмӕ цы диссӕгтӕ равдыстон, уыдон чи федта ӕмӕ Мӕ афтӕмӕй чи ницӕмӕ дардта, ныридӕгӕн Мӕ дӕс хатты чи бафӕлвӕрдта,
Бустӕ кодтой Хуыцау ӕмӕ Моисейыл: «Цӕмӕн нӕ ракодтат Мысырӕй? Ӕдзӕрӕг быдыры амӕлынмӕ? Ам къӕбӕр дӕр ӕмӕ дон дӕр нӕй, ӕмӕ нӕ уд хауы ацы нӕбӕззон хӕринагӕй».
Йесо йын загъта: «Афтӕ дӕр ма фыст ис: „Ма фӕлвар дӕ Хицау Хуыцауы“».
Кӕстӕр йӕ фыдӕн загъта: „Мӕ фыд, дӕ исбонӕй мӕм цы хауы, уый мын ратт“. Ӕмӕ фыд йӕ мулк байуӕрста се ’хсӕн.
Йесо йын дзуапп радта: «Загъд у: „Ма фӕлвар дӕ Хицау Хуыцауы“».
Ныр Хуыцауы цӕмӕн къахут? Нӕдӕр нӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр мах кӕй нӕ бафӕрӕзтам хӕссын, уыцы ӕфсондз ахуыргӕнинӕгты ӕккой цӕмӕн ӕвӕрут?
Петр ын загъта: «Бардарӕджы Уды бафӕлварын сфӕнд кодтат?! Дӕ мойы дын чи баныгӕдта, уыдон фӕстӕмӕ ӕрбацӕуынц ӕмӕ ныртӕккӕ дӕу дӕр ахӕсдзысты».
Ма фӕлварӕм Чырыстийы, уыдонӕй Йӕ бирӕтӕ куыд фӕлвӕрдтой, афтӕ. Уый тыххӕй кӕлмыты хӕстӕй фӕцагъды сты.
Ма фӕлварут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Массайы йӕ куыд фӕлвӕрдтат, афтӕ.
Таверайы дӕр, Массайы дӕр ӕмӕ Киврот-Хаттавайы дӕр сымах мӕсты кодтат Дунедарӕджы.
Фӕлвӕрдтой Мӕ уым уӕ фыдӕлтӕ, фӕлтӕрдтой Мӕ, кӕд Мын дыууиссӕдз азы дӕргъы Мӕ хъуыддӕгтӕ уыдтой, уӕддӕр.
Паддзах нын сӕвӕр ӕмӕ нын хицауиуӕг кӕна, зӕгъгӕ, кӕй загътой, уый Самуелы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта.