10 Йешуа, Моисей йын куыд загъта, афтӕ бакодта ӕмӕ амалекӕгтимӕ схӕцыд, Моисей та Аарон ӕмӕ Хуримӕ къуыбырыл ӕрлӕууыд.
Азувӕйы амӕлӕты фӕстӕ Калев ӕрхаста Евфратӕйы, ӕмӕ йын уый ныййардта Хуры.
Моисей-иу йӕ къухтӕ хӕрдмӕ куы сдардта, уӕд-иу уӕлахиз кӕнын райдыдта Израил, дӕлӕмӕ-иу сӕ куы ӕруагъта, уӕд та — Амалек.
Фӕлӕ Моисейы къухтӕ куы ӕруӕззау сты, уӕд ын дур ӕрбахастой. Моисей дурыл ӕрбадт, Аарон ӕмӕ йын Хур та дыууӕрдыгӕй хӕрдмӕ хӕцыдысты йӕ къухтыл. Хурныгуылдмӕ йын сӕ дӕлӕмӕ не ’руагътой,
Уый размӕ Израилы хистӕртӕн та загъта: «Ам лӕуут, цалынмӕ мах фӕстӕмӕ здӕхӕм, уӕдмӕ. Мӕнӕ Аарон ӕмӕ Хур уыдзысты уемӕ, ӕмӕ уӕ исты хъуыддаг кӕмӕ уа, уый-иу ӕй уыдонӕн зӕгъӕд».
«Хъусыс, Ӕз басидтӕн Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй Хуры фырт Урийы фыртмӕ, Бецалелмӕ.
Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».
Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд стут Мӕ хӕлӕрттӕ.
Уӕд Йӕ мад лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста: «Цы уын зӕгъа, уый-иу бакӕнут».
Дунедарӕг Йӕ цагъар Моисейӕн цытӕ бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ Моисей та бафӕдзӕхста Йешуайӕн, ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн цыдӕриддӕр загъта, уыдон Йешуа фӕстаг дзырды онг сӕххӕст кодта.