9 Моисей Ааронӕн бафӕдзӕхста: «Израилы дзыллӕйӕн зӕгъ, цӕмӕй Дунедарӕджы раз ӕрлӕууой, уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг фехъуыста сӕ хъуыр-хъуыр».
Израилы дзыллӕ та ӕдзӕрӕг быдыры ногӕй хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой Моисей ӕмӕ Аароныл.
Куы ӕрбабон уа, уӕд та фендзыстут Дунедарӕджы кад. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг фехъуыста, куыд Ыл бустӕ кодтат, уый. Мах та чи стӕм? Махыл нӕ, фӕлӕ Хуыцауыл кӕнут бустӕ!»
Ноджы ма Моисей загъта: «Дунедарӕг уын уӕ фаг ратдзӕн: изӕры — дзидза, райсомӕй та — дзул. Уымӕн ӕмӕ уын фехъуыста уӕ хъуыр-хъуыр. Сымах Дунедарӕгыл бустӕ кодтат, махыл нӕ, фӕлӕ. Мах чи стӕм?!»
«Кӕдмӕ Мыл хъуамӕ хъуыр-хъуыр кӕной ацы ӕнаккӕгтӕ? Израилӕгты хъаст Мӕм хъуысы.
Загъта Моисей Корахӕн: «Ды ӕмӕ де ’мбӕлттӕ уе ’ппӕт дӕр райсом хъуамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууат: ды дӕр, де ’мбӕлттӕ дӕр ӕмӕ Аарон дӕр.