6 Моисей ӕмӕ Аарон израилӕгтӕн загътой: «А изӕр базондзыстут, Мысырӕй уӕ Дунедарӕг кӕй ракодта, уый.
О, уый айнӕг ӕрцавта, ӕмӕ дзы дон фемӕхсти, ракалдысты суадӕттӕ. Уӕд Йӕ бон нӕу, ӕмӕ нын дзул ратта, Йӕ адӕмы фыдызгъӕлӕй бафсада?»
Тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕг израилӕгты ӕфсад ракодта Мысыры зӕххӕй.
Дзырдтой: «Фӕлтау Мысыры куы амардаиккам Дунедарӕджы къухӕй. Уым бадтыстӕм дзидзайы ӕгты уӕлхъус, нӕ фаг нын уыди дзул! Сымах та не ’ппӕты дӕр ацы ӕдзӕрӕг быдырмӕ сыдӕй амарынмӕ ракодтат».
Ноджы ма Моисей загъта: «Дунедарӕг уын уӕ фаг ратдзӕн: изӕры — дзидза, райсомӕй та — дзул. Уымӕн ӕмӕ уын фехъуыста уӕ хъуыр-хъуыр. Сымах Дунедарӕгыл бустӕ кодтат, махыл нӕ, фӕлӕ. Мах чи стӕм?!»
Израилы адӕм бынӕй бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты Моисейы ӕрыздӕхынмӕ хохӕй. Куынӕ ӕмӕ куынӕ зындис, уӕд ӕрӕмбырд сты Ааронмӕ ӕмӕ дзы ӕрдомдтой: «Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау нын сараз, науӕд нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм».
Фӕлӕ Моисей лӕгъстӕ кӕнын байдыдта Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг! Цӕй тыххӕй судзы Дӕ маст Дӕ адӕммӕ — Мысыры зӕххӕй Де стыр хъару, Де стыр хъомысы фӕрцы кӕй ракодтай, уыдонмӕ?
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Цӕугӕ бынмӕ! Сӕнӕуаг сты дӕ адӕм — Мысырӕй кӕй ракодтай, уыдон.
Мӕ номӕй зӕгъ израилӕгтӕн: „Ӕз — Дунедарӕг, ракӕндзынӕн уӕ Мысыры ӕфсондзы бынӕй, суӕгъд уӕ кӕндзынӕн цагъары къӕлӕтӕй. Ме стыр хъомысы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уе ’фхӕрджыты та уын бафхӕрдзынӕн.
Скӕндзынӕн уӕ Мӕ адӕм ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзыстут, Мысыры ӕфсондзы бынӕй уӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау — кӕй ракодтон, уый.
Моисей загъта: «Ныртӕккӕ базондзыстут, цы кӕнын, уый мӕхи фӕндӕй нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй кӕй кӕнын, уый.
Фӕлӕ сын кӕд Дунедарӕг, нырмӕ чи не ’рцыди, исты ахӕм ми бакӕна, кӕд сӕм зӕхх йӕ ком фӕхӕлиу кӕна ӕмӕ сӕ се ’ппӕт исбонимӕ аныхъуыра ӕмӕ цӕрдудӕй мӕрдтыбӕсты хай бауой, уӕд ӕй зонут, ацы адӕймӕгтӕ Дунедарӕгыл сӕхи атигъ кодтой».