Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 16:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дзул уын ӕруарын кӕндзынӕн арвӕй. Адӕм-иу алы бон дӕр рацӕуӕнт ӕмӕ-иу сӕхицӕн бонваг ӕруидзӕнт. Ӕз та сӕ бафӕлвардзынӕн, кӕддӕра Мын Ме ’Гъдау куыд ӕххӕст кӕнынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 16:4
17 Iomraidhean Croise  

Уыдонӕн ӕмӕ зарӕггӕнджытӕн, паддзахы сӕрмагонд фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, алы бон дӕр ӕмбӕлди бӕрӕг хардз.


Стонг заман сын Ды уӕларвӕй лӕвӕрдтай хойраг, дойныйӕ куы мардысты, уӕд сын къӕдзӕхӕй рауагътай дон. Ды сын загътай, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ сӕхи бакӕной, Дӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, йӕ раттыныл ард кӕй тыххӕй бахордтай, уыцы зӕхх.


Ды сын балӕвар кодтай Дӕ хорзӕхджын Уд, зонд сын куыд амона, афтӕ. Дӕ маннӕ дӕр сын нӕ байстай ӕмӕ-иу сын сӕ дойны басӕттынӕн дон раттай.


Ӕмӕ Дунедарӕг смӕсты ис Йӕ адӕммӕ, ӕлгъ кӕнын райдыдта Йӕ исбоныл.


Моисей скуывта Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ йын Уый бацамыдта бӕласмӕ. Моисей дзы иу лыггаг доны ныппӕрста, ӕмӕ дон хӕрзад фестад. Уыцы ран Дунедарӕг израилӕгтӕн сфидар кодта фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сӕ фӕлвӕрдта.


Израилӕгтӕ йӕ куы федтой, уӕд кӕрӕдзийы фарстой: «Уый цы уа, цымӕ?» Ницы йын зыдтой. Моисей сын загъта: «Уый дзул у, Дунедарӕг уын ӕй хӕрынӕн дӕтты.


тутт ӕмӕ мӕнг ныхӕстӕ мӕм хӕстӕг ма ’рбауадз; хъӕздыгдзинад мын ма ратт, мӕгуырӕй дӕр мӕ бахиз; цӕрыны фаг мын дӕтт къӕбӕр,


Ратт нын абон цӕрынваг къӕбӕр.


Ратт нын абон цӕрынваг къӕбӕр.


Се ’ппӕт дӕр хордтой уыциу монон хойраг.


Уӕ фыдӕлтӕ кӕй никуы зыдтой, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта ӕдзӕрӕг быдыры, цӕмӕй уӕ сӕрныллӕг скӕна, бафӕлвара уӕ ӕмӕ уын уый фӕстӕ хорздзинад ракӕна.


Ӕртасын уӕ кӕныны ӕмӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕн уӕ зӕрдӕйы цы бынат ис, уый базоныны охыл уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры цы фӕндагыл фӕкодта, уый уӕ рох ма уӕд.


Кӕд ӕмӕ уӕ нӕ фӕнды Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын, уӕд та абон уӕхицӕн равзарут, кӕмӕн лӕггадгӕнинаг стут, уыдоны. Уӕ фыдӕлтӕ доны фале кӕмӕн лӕггад кодтой, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн уӕ ӕрфӕндыди лӕггад кӕнын? Уӕ бар — уӕхи. Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзар лӕггад кӕндзыстӕм ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan