Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 16:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 «Израилӕгты хъуыр-хъуыр фехъуыстон, ӕмӕ сын афтӕ зӕгъ: изӕры хӕрдзыстут дзидза, райсом та уын уӕ фаг уыдзӕн дзул. Ӕмӕ уӕд бамбардзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уӕ Хуыцау, уый».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 16:12
17 Iomraidhean Croise  

Израилы паддзахмӕ ӕрбацыди Хуыцауы минӕвар ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: сириӕгтӕ афтӕ кӕй дзурынц, Дунедарӕг быдырты Хуыцау нӕу, фӕлӕ хӕхбӕсты Хуыцау у, зӕгъгӕ, уый тыххӕй сын се ’нӕнымӕц бардз ратдзынӕн уӕ къухтӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Ӕмӕ Дунедарӕг смӕсты ис Йӕ адӕммӕ, ӕлгъ кӕнын райдыдта Йӕ исбоныл.


Банхъӕлмӕ-иу кӕсут мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонмӕ ӕмӕ-иу ӕй изӕрдалынгты аргӕвдут: Израилы дзыллӕйӕ алкӕмӕн дӕр афтӕ гӕнгӕ у.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Дунедарӕг загъта: «Уый уымӕн афтӕ у, цӕмӕй сӕ бауырна: Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау — дӕумӕ ӕргом рацыд».


Скӕндзынӕн уӕ Мӕ адӕм ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзыстут, Мысыры ӕфсондзы бынӕй уӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау — кӕй ракодтон, уый.


ӕмӕ дын афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Уӕдӕ ныртӕккӕ базондзынӕ, Дунедарӕг Чи у, уый. Мӕ къухы цы лӕдзӕг ис, уымӕй ӕз мӕнӕ Нилы дон ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ туг фестдзӕни.


Иудей ӕмӕ йе ’ппӕт сахарты ӕрцӕрдзысты адӕм, зӕхкусджытӕ ӕмӕ фыййӕуттӕ.


Уӕд базондзысты, Ӕз, Дунедарӕг, сӕ Хуыцау, семӕ кӕй дӕн ӕмӕ уыдон та, Израилы адӕм, Мӕ адӕм кӕй сты, уый, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Уӕхицӕй ӕппӕлыдыстут Мӕ разы, уе ’взӕгтӕ суагътат Мӕ ныхмӕ. Ӕз алцыдӕр фехъуыстон.


Уӕд Израилы адӕм базондзысты, ныр дӕр ӕмӕ фидӕнмӕ дӕр Ӕз Дунедарӕг, сӕ Хуыцау кӕй дӕн, уый.


Уӕд базондзыстут, Ӕз уӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ Сионы, Мӕ уаз хохыл, кӕй цӕрын, уый. Йерусалим суыдзӕн уаз сахар, ӕцӕгӕлӕттӕ йыл дыууӕрдӕм нал кӕндзысты.


уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау. Уӕхи сыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уаз ут, Ӕз уаз куыд дӕн, афтӕ. Хилӕг цӕрӕгойтӕй уӕхи макӕцыйы фыд хӕрынӕй фӕчъизи кӕнут,


Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»


Ӕндӕрмыггаг адӕмтӕй семӕ чи бамбал ис, уыдонӕн сӕ зӕрдӕ алцытӕ агуырдта, ӕмӕ та уыдонмӕ гӕсгӕ ногӕй сдзынӕзтой израилӕгтӕ дӕр: «Ныр дзидзайы комдзаг дӕ дзыхы акӕн!


«Кӕдмӕ Мыл хъуамӕ хъуыр-хъуыр кӕной ацы ӕнаккӕгтӕ? Израилӕгты хъаст Мӕм хъуысы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan