Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 16:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Аарон уыцы ныхас израилӕгтӕн куы рафӕзмыдта, уӕд адӕм се ’ргом ӕдзӕрӕг быдырмӕ сарӕзтой — ӕмӕ дын сӕм ӕврагъӕй куы разынид Дунедарӕджы кад.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 16:10
12 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Куы ӕрбабон уа, уӕд та фендзыстут Дунедарӕджы кад. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг фехъуыста, куыд Ыл бустӕ кодтат, уый. Мах та чи стӕм? Махыл нӕ, фӕлӕ Хуыцауыл кӕнут бустӕ!»


уый Дунедарӕджы кад ӕрцыди Синайы хохмӕ. Ӕхсӕз боны дӕргъы хох мигъӕй нӕ зынд. Ӕвдӕм бон Дунедарӕг мигъы хуылфӕй фӕсидти Моисеймӕ.


Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ. Фӕстӕмӕ куы рацыдысты, уӕд адӕмӕн арфӕ ракодтой, ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ Дунедарӕджы кад раргом ис.


Моисей загъта: «Мӕнӕ уын цы бафӕдзӕхста Дунедарӕг, цӕмӕй уӕм Йӕ кад раргом уа, уый тыххӕй».


Фӕлӕ сӕ дзыллӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад разынди Фембӕлды Цатырӕй ӕппӕт израилӕгтӕм,


Корах ӕппӕт дзыллӕйы ӕрбамбырд кодта Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ: Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз лӕууыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста дзыллӕмӕ.


Дзыллӕ куы ӕрбамбырд сты Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ, уӕд Фембӕлды Цатыры ’рдӕм фӕкастысты ӕмӕ федтой: мигъ ӕй бамбӕрзта, ӕмӕ Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста.


Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ рухскалгӕ ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ уырдыгӕй райхъуысти: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan