9 „Асурон, баййафон! — загъта фыдгул. — Байсон ӕфтиаг, мӕ мондӕгтӕ сисон! Сласон мӕ кард ӕмӕ сӕ ныццӕгъдон!“
Бениамин — тугдзых бирӕгъ, уый райсомӕй йӕ тӕлӕттаг хӕры, изӕры та йӕ амӕттаджы скъуыны».
Ӕз мӕ фыдгулты айсын мӕ разӕй, цалынмӕ сӕ нӕ ныццӕгъдын, уӕдмӕ фӕстӕмӕ нӕ раздӕхын.
Ӕмӕ Иезавел Илийамӕ арвыста йӕ минӕвары, афтӕ йын зӕгъынмӕ: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, ды пехуымпартӕн куыд бакодтай, афтӕ ӕз дӕр дӕуӕн райсом ацафон куынӕ бакӕнон».
Уӕд та Бен-Хадад ногӕй ӕрбарвыста Ахавмӕ, цӕмӕй йын зӕгъой: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, мӕ фӕдыл цы адӕм рацыд, уыдонмӕ Самарийы пырхӕнтӕй фӕйнӕ армыдзаджы куы ӕрхауа, уӕд».
Мысыры паддзахмӕ хабаргӕнӕг фӕцис, израилӕгтӕ алыгъдысты, зӕгъгӕ. Фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕ ӕрфӕсмон кодтой, кӕй сӕ ауагътой, уый тыххӕй. Загътой: «Уый цы бакуыстам? Ауагътам израилӕгты, нӕ кусджыты!»
Сӕрыстыртимӕ ’фтиаг дих кӕныны бӕсты, фӕлтау мӕгуыртимӕ цӕр сӕрныллӕгӕй.
Ацы бӕстӕты ӕппӕт хуыцӕуттӕй кӕмӕн бантыст йӕ бӕстӕ мӕ фыдӕхӕй фервӕзын кӕнын? Уӕдӕ Дунедарӕг дӕр куыд хъуамӕ бахиза мӕ азарӕй Йерусалимы сахар?»
Уымӕ гӕсгӕ Йын бирӕтимӕ ратдзынӕн хай, хъомысджынтимӕ байуардзӕни ӕфтиаг, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕн равзӕрста мӕлӕт. Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд, афтӕмӕй та Йӕхимӕ райста бирӕты тӕригъӕд, фыдгӕнджытӕн сси хатыркурӕг».
Иннӕрдыгӕй хъуысти хъӕр: «Дзӕгъӕлдзых у Мысыры паддзах — фараон, йӕ рӕстӕг ауагъта!»
Зилгӕ уадау ӕрбабырстой йӕ хӕстонтӕ, цӕмӕй нӕ фесафой! Ӕнаххосы ӕвиппайды ныхъуырын уыди сӕ зӕрды — сӕ балхоны сын Ды йӕхи арцӕй ныррӕхуыстай!
Фӕлӕ йӕм йӕхицӕй тыхджындӕр куы бабырса, уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзӕн, йӕ зӕрдӕ цы хӕцӕнгӕрзтыл дардта, уыдон ын байсдзӕн ӕмӕ йын йӕ мулк байуардзӕн.
«Ӕфтиаг райстой, ӕмӕ йӕ се ’хсӕн уарынц. Алы хӕстонӕн дӕр — чызг, науӕд — дыууӕ. Сисерайы ’фтиаг — хъулон хӕрдгӕхуыд хъуымӕцтӕ, дыууӕ нывӕфтыд фӕлысты».
ӕмӕ Давид Дунедарӕджы бафарста: «Уыцы абырджыты фӕсте асурон? Баййафдзынӕн сӕ?» Дунедарӕг ын загъта: «Асур сӕ! Ӕнӕмӕнг сӕ баййафдзынӕ ӕмӕ дӕ адӕмы суӕгъд кӕндзынӕ».