8 Дӕ раулӕфтӕй хӕрдмӕ фӕцыдысты денджызы уылӕнтӕ, хъен слӕууыдысты сисау, сурзӕхх фестади хуыдым.
Дӕ масты раулӕфтӕй, Дунедарӕг, Дӕ карз ӕртхъирӕнӕй, байгом сты донгуырӕнтӕ, зӕххы бындуртӕ разындысты.
уыдон Хуыцауы комытӕфӕй бабын вӕййынц, Йӕ масты раулӕфтӕй ӕрбайсӕфынц.
Мӕгуыр лӕг ӕм сдзынӕзта, ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста, ӕппӕт фыдбылызтӕй йӕ фервӕзын кодта.
Мах та — Дӕ адӕм, Дӕ фысты дзуг — кад Дын кӕндзыстӕм ӕнустӕм, стаудзыстӕм Дӕ фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ!
Ныр израилӕгтӕ та денджызы астӕуты ацыдысты сурыл цӕуӕгау. Сӕ рахизфарс уыди доны ӕмдзӕхгӕр сис, сӕ галиуфарс дӕр уыди доны ӕмдзӕхгӕр сис.
Мӕгуыр адӕмӕн раст тӕрхон кӕндзӕн, зӕххыл цӕрӕг ӕфхӕрд адӕмӕн сӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзардзӕни рӕстӕй. Йӕ дзырды цӕфӕй стӕрхон кӕндзӕн зӕххӕн, фыдгӕнӕджы Йӕ раулӕфтӕй фесафдзӕн!
Ӕз ын йӕ фӕнд аивын кӕндзынӕн. Ахӕм хабар фехъусдзӕн, ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзӕн йӕ бӕстӕм, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕхи зӕххыл карды амӕттаг бакӕндзынӕн».
ныррызтысты Дӕ уындӕй хӕхтӕ. Тыгъдызӕй ныккалдта уӕларвӕй, фурды ӕнӕбын арф ныббогъ кодта, йӕ уылӕнтӕ систа хӕрдмӕ.
Дӕ бӕхтыл айгӕрстай Ды денджызы фӕндаг, йӕ уылӕнтӕ йын сызмӕстай.
Уӕд фыдгӕнӕг йӕхи раргом кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ Бардарӕг Йесо амардзӕн Йӕ комулӕфтӕй, цы бон ӕрцӕуа, уыцы бон ӕй бабын кӕндзӕн Йӕ кады рухсӕй.
Дунедарӕджы, ӕппӕт зӕххы Бардарӕджы, Фидыды Чырын хӕссӕг сауджынтӕн сӕ къӕхтӕ куыддӕр доныл андзӕвой, афтӕ Иорданы дон айсысдзӕн. Йӕ гуырӕнтӕй цыдӕриддӕр дон кӕлы, уый ауӕзтау ӕрлӕудзӕн, къуламады хуызӕн слӕудзӕн».
афтӕ дӕрддзӕф ран (Царетаны фарсмӕ Адамы сахары цур), Иорданӕн йӕ гуырӕнтӕй цыдӕриддӕр дон кӕлы, уый ауӕзтау ӕрлӕууыд, ӕмдзӕхгӕр сис фестади. Дӕлӕрдӕм, Мард денджызмӕ цы дон калди, уый фӕцыдӕр ис, байсыст. Ӕмӕ адӕм доны фаллаг фарсмӕ ахызтысты Йерихоны бакомкоммӕ.