5 хуыдымы хай баисты, доны аныгъуылдысты дуртау.
Нӕ фыдӕлты раз денджыз фӕцӕуын кодтай дыууӕрдӕм, ӕмӕ денджызы астӕу ацыдысты, сурзӕххау, чи сӕ сырдта, уыдоны та, дур хуыдыммӕ ныппарӕгау, денджызы арфмӕ нывзылдтай.
уымӕн ӕмӕ сӕхи атигъ кодтой Хуыцауы ныхӕстыл, Иууылбӕрзонды уынаффӕтӕ ницӕмӕ ’рдардтой.
Дон йӕ бынат ссардта ӕмӕ фараоны ӕфсад — уӕрдонӕй, бӕхджынӕй — иууылдӕр аныхъуырдта, иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзти.
Ды бафу кодтай — ӕмӕ фӕдӕлдон сты, денджызы арфы аныгъуылдысты здыйау.
Бахӕцӕд се ’ппӕтыл тас ӕмӕ ризӕг! Дӕ хъомысӕй цавддуртӕ фестӕнт, цалынмӕ, Дунедарӕг, Дӕ адӕм цӕуой, уӕдмӕ, Дӕхи кӕй бакодтай, уыцы адӕм!
Ӕз райгуырдтӕн ӕнӕбын сӕрсӕфӕнтӕ ӕмӕ денджызты разӕй;
Фӕлӕ дӕ ныр ныппырх кодтой денджызы уылӕнтӕ, де ’ппӕт исбон, де ’ппӕт адӕм фурды бын куы фесты.
Стӕй уӕд Ионӕ кӕсаджы гуыбынӕй Дунедарӕгмӕ, йӕ Хуыцаумӕ, скуывта:
Ныббардзӕн та нын, ссыгъдӕг нын кӕндзӕн нӕ тӕригъӕдтӕ, денджызы арфмӕ сӕ нывзилдзӕни.
Фӕлӕ ацы кӕстӕртӕй — Мӕныл ӕууӕндджытӕй — иуы дӕр тӕригъӕды чи бафтауа, уымӕн фӕлтау йӕ бӕрзӕйыл куыройы фыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызы арфмӕ куы ныппариккой, уӕд ын хуыздӕр уаид.
Иу тыхджын зӕд систа куыройы фыды йас стыр дур, нывзылдта йӕ денджызмӕ ӕмӕ загъта: «Афтӕ дӕлӕмӕ ныххаудзӕн Вавилоны стыр сахар ӕмӕ нал уыдзӕн.